Шахмæттæй тох

Шахмæттæй тох райдыдта, æмæ ныхмæлæуджытæ уайтагъд се 'фсæдтæ размæ бырсынмæ разæнгард кæнынмæ фесты. Кæнынц сæ, атакæйæн хуыздæр цы бынæттæ ис, уырдæм. Акъоппытæ аразынц пешкæтæй. Хъуамæ дæ генералон штаб - "паддзах" - æдас уа. Блиц-хъазтæй зондабиты ерыстæм æрбамбырд 50 адæймаджы. Ам кармæ гæсгæ арæнтæ æппындæр нæй. Æппæты кæстæрыл цæуы 9 азы, æппæты фæлтæрдджындæрыл - 76. Куыд рабæрæг, афтæмæй кæстæртæ сæ арæхстдзинады хистæртæй дæлдæр не сты. Блиц-хъазт ма фæхонынц, арвæрттывдау тагъд, зæгъгæ. Уымæн æмæ иу партийæн лæвæрд цæуы æрмæст æртæ минуты. Шахмæттæй хъазæг хъуамæ æвæстиатæй бахынца æппæт варианттæ æмæ комбинацитæ. Шахмæттæ рæзгæ фæлтæры кæй цымыдис кæнынц, ууыл æнæцингæнгæ нæй, зæгъынц мадзаларазджытæ. Хъазт хъуыдыкæнынадыл тынг хорз ахады. 11-аздзыд Дзеранты София йæ тыхтæ бафæлварынмæ ссыд Майрæмадагæй. Чемпионат ацыд швейцараг системæмæ гæсгæ. Фыццаг хъазты чи фæхæрд, уый турнирæй фæцух уæвыны бæсты ацæуы иннæ турмæ. Уым фембæлы, йе 'мбæрц баллтæ чи райста, ахæм ныхмæлæууæгимæ. Афтæ 11 туры дæргъы уæлахиздзау сбæрæг вæййы. Хистæрты æхсæн чемпионат у æрвылазон. Ацы хатт æй фыццаг хатт сарæзтой Рахизфарсы районы. Нæлгоймæгты 'хсæн фыццаг бынат райста Тигран Назаретян, чызджыты 'хсæн - Дриаты Ланæ. Хуыздæрты схорзæхджын кодтой кубоктæ, майдантæ, кады гæххæттытæ æмæ æхцайы премитæй.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
57 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии