Ног тыхтимæ
Зындгонд футболист Дзæгъойты Алан хъазынмæ рацæудзæн 7 мæйы фæстæ. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы иугонд командæйы дохтыр Эдуард Безуглов. «ЦСКА»-йы æрдæгхъахъхъæнæгæн Германийы скодтой операци. Дохтырырты ныхæстæм гæсгæ, ныр хъуамæ ацæуа реабилитаци. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Дзæгъойты Алан йæ уæраг хъазты кæй бахъыгдæрта. 21 февралы йын уый тыххæй скодтой операци. Футболон клуб «ЦСКА» йын дарддæр æххуыс кæндзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног тыхтимæ
Категория:
Новости и СМИ