Битарты Вячеслав фембæлд Мæскуыйы цæрæг ирæтты æхсæнады уæнгтимæ
Битарты Вячеслав ма фембæлд Мæскуыйы цæрæг ирæтты æхсæнады уæнгтимæ. Æрæджы дзы ног сæрдарæй равзæрстой Абайты Аланы. Уый у Уæрæсейы сгуыхт тренер, педагогон наукæты кадидат æмæ «Юность России», зæгъгæ, физикон-культурон иугонды разамонæг. Йæ размæ æхсæнады сæргъы лæууыд Тотоонты Алыксандр. Йæ хорз куысты фæдыл ын Битарты Вячеслав арфæйы ныхæстæ ракодта. Ног сæрдар Абайты Алан та раарфæ кодта, цæмæй йæ ног куысты бынаты дарддæр æнтыстджынæй архайа. Ныфс бавæрдта, уыцы хъуыддаджы сын æххуыс кæй кæндзæн, уымæй. Цæмæй Мæскуыйы цæрæг ирæттæн æппæт фадæттæ дæр уа сæ фыдыуæзæгæн аргъ кæнын, ирон æгъдауы цæджындзтæ фидар кæнын æмæ ирон культурæйы райрæзтыл антыстджынæй кусын. Æппæт уыцы мадзæлттæн æххæст кæнгæйæ кæдфæндыдæр фарсмæ ’рбалæудзæн, уымæй ныфсытæ бавæрдта. Уыцы вазыгджын хъуыддаджы Абайты Аланы фæнды æхсæнады уæнгты æрбангом кæнын, иумæ фарстатыл бакусын æмæ зæрдæхсаинаг хъуыддæгтæ хорзы`рдæм аивын. Уæлдайдæр - ирон æгъдæуттæ æмæ фæткæвæрдтæ бахъахъхъæнын. Мæскуыйы цæрæг ирæтты æхсæнады уæнгтæ Битарты Вячеславæн радзырдтой сæ фидæны пълæнтты тыххæй, хæстæгдæр рæстæг цавæр фарстатыл æрдзурдзысты, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав фембæлд Мæскуыйы цæрæг ирæтты æхсæнады уæнгтимæ
Категория:
Новости и СМИ