Цæгат Ирыстоны 2021 азæй фæстæ фæзындзысты фæндæгтæ бахъахъхъæныны тыххæй уæзбарæн пункттæ
Афтæ, нæ фæндæгтæн сæ фылдæр уыдзысты нормативон бæрæггæнæнтæм гæсгæ æмбæлгæ уавæры. Хъуыддаг ууыл у, æмæ республикæйы фæндæгты арæх рацу-бацу кæнынц уæзласæн хæдтулгæтæ. Фылдæр транспорт вæййы, Дзæуджыхъæу Гуырдзыстонимæ цы фæндаг бæтты, уым. Арæнты сæрты чи ахизы, уыцы хæдтулгæты нымæц фæстаг азмæ фæфылдæр 2 хатты. Ахæм хъуыддаг бантысдзæн национ проекты фæлгæты. Хуыйны «Безопасные и качественные автомобильные дороги». Уымæй уæлдай ма Цæгат Ирыстоны сараздзысты къамты æмæ видеоцæстдарды системæтæ. Солиты Тариелы ныхæстæм гæсгæ, фæндæгтыл нырма уал сифтонг кодтой 40 камерæйы. Бафтдзæн ма сыл 45. Контрактмæ гæсгæ фиддонты бæрц дихгонд æрцыд 3 хайыл. Алы аз ацы хъуыддагыл хардзгонд цæудзæн фæйнæ 42 милуан сомы. 2021-ы азы та хиисбонад рахисдзæн паддзахадмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны 2021 азæй фæстæ фæзындзысты фæндæгтæ бахъахъхъæныны тыххæй уæзбарæн пункттæ
Категория:
Новости и СМИ