Уæлдай цæстдард

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты сайты фарон фæзынд ног лæггады хуыз – «Красная кнопка», зæгъгæ. Проект сарæзтой адæмы курдиæттæм æвæстиатæй æргом æздахыны тыххæй. Алы адæймаджы бон дæр у уымæй спайда кæнын. Цæгат Ирыстоны цæрджытæ дæр уыцы лæггадæй пайда кæнын райдыдтой. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ ныридæгæн абалц кодтой цалдæр ранмæ. Ацы хатт бабæрæг кодтой Фыййаджыбылы цæрджыты. Ацы спортивон залы уæгъдибар хъæбысхæстæй архайынц сабитæ канд Фыййаджыбылæй нæ, фæлæ ма сыхаг хъæутæй дæр. Æдæппæтæй сты 100 лæппуйы, 8 азæй 25 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Ацы спортивон залæй уæлдай сæхи кæм ирхæфсой, ахæм ран, хъыгагæн, нæй хъæуы. Физкультурæйы урочы агъоммæ маттæ фæхъæуы райтауын, стæй та сæ ногæй фæстæмæ сæ бынæтты сæвæрын. Уый æнцон хъуыддаг нæу. Зал ифтонггонд нæу нæдæр баскетболæй, нæдæр волейболæй хъазынæн фæрæзтæй. Съолайы кæрты фаг бынат ис футболон фæз саразынæн. Хи хъарутæй йыл бæргæ архайдтой, фæлæ æнæ сæрмагонд техникæйæ уый бакæнын зын у. Спортивон зал саразæн ис зæронд скъолайы бæстыхайы бындурыл. Ног бæстыхайæн йæ тæккæ фарсмæ ис. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, кæд зæронд у, уæддæр фидар у. Цалдæр хатты йæ хъавыдысты сцалцæг кæнын, фæлæ-иу куы фæрæзтæ нæ разынд, куы та æндæр аххосæгты тыххæй. Æппæтуæрæсеон адæмон фронт ацы фарстамæ хицауады уæлдай æргом раздахыныл бацархайдзæн. Раст сæм нæ фæкаст, Фыййаджыбыл æмæ сыхаг хъæуты фæсивæдæн спортæй архайынæн æмбæлгæ уавæртæ кæй нæй, уый. Ахсджиаг фарста у. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй сæм ахæм фарстатимæ арæх бахатынц. Фæлæ информаци алы хатт бынтон раст нæ вæййы. Уымæ нæ кæсгæйæ, архайынц алы курдиат дæр сбæлвырд кæныныл. Куы хъæуа, уæд та æмбæлгæ æххуыс бакæныныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Уæлдай цæстдард

Категория:

Новости и СМИ