Дзыпп цы амоны?
2019-æм азмæ бюджет аразгæйæ муниципалитетты райрæзтæн æнæмæнгæй фæрæзтæ радих кæндзысты. Уый тыххæй радон æмбырды загъта нæ республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег. Æмбырды архайдтой æххæстгæнæн оргæнты æмæ бынæттон администрациты разамонджытæ дæр. Сæбæтхъуаты Æхсарбеджы ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстайыл хъуамæ кусой финансты, экономикон райрæзты министрадттæ, стæй районы администрацитæ. Хъалонты руаджы кæй нæ исынц, ахæм æфтиæгты бæрц дæр хъуамæ фæфылдæр уа. Фыццаджыдæр уыдзысты зæххы тыххæй хаццоны фиддонтæ. Хицауады сæрдары хæдивæг ма йæ цæст æрдардта Дзæуджыхъæуы æмæ районты хъармгæнæн æмгъуыдмæ цæрæнуæтты-коммуналон инфрастуктурæйы хæрзхъæддзинадмæ, кæлæццаг хæдзæрттæ ногтæй раивыны æмæ горæты æнцонвадат цардархайды программæтæм. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй хъуыддæгтæ æххæст кæнынц пъланмæ гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дзыпп цы амоны?
Категория:
Новости и СМИ