Беслæны 3-æм рæвдауæндоны уыд полилингвалон ахуырады фарстаты фæдыл сæрмагонд семинар
Полилингвалон ахуырад республикæйы парахат кæны. Беслæны сывæллæтты 3-æм рæвдауæндоны сабитимæ уыцы иу рæстæг дзурынц куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр. Ныридæгæн сæ къухы цы æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уыдон раппæлинаг сты. Хъомылгæнджытæ сывæллæттимæ куыд кусынц, уый федта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.