Рæсугъд æмæ аив

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ абон бæрæг кодтой бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ цы уавры сты, уый. Федтой цалдæр объекты. Сæрмагонд программæ гæсгæ «Комфортная городская среда» зæгъгæ, сцалцæг кæндзысты 64 хæдзары кæртытæ. Ахæм федералон программæ кусын райдыдта 2017 азы. Архайдзæн дзы 64 хæдзары. Мониторинг та ацæудзæн июлы кæронмæ. Борукаевы номыл уынджы 10 хæдзары кæрты байтыдтой ног асфальт, сæвæрдтой дзы бандæнттæ. Ацы куыстытæ бакæнын къухы бафтыд федералон программæйы фæлгæты. Уый хорз у, фæлæ цæрджыты тыхсын кæны æндæр хъуыддаг. Куыддæр къæвда рауары афтæ хæдзары пъадвал донæй байдзаг вæййы. Цæрджытæ куыд зæгъынц , афтæмæй сын сæ кæрт цы куыстуат саив кодта, уый сын ныфс бавæрдта ацы фарста дæр кæй аиувар с кæндзысты. Дигорайы хæдзæртты кæртытæ хуыздæр уавæры сты. Федералон программæмæ гæсгæ ам базилдзысты 6 хæдзары кæртмæ. Ныртæккæ уал саив кодтой дыууæ кæрты. Фæзынд дзы ног асфальт, бандæттæ. Уымæй уæлдай ма сног кодтой рухсдæттæн системæ дæр. Цæрджытæн сæ райдзаст кæртæй зæрдæ райы. Федералон программæ снысан кодтой 2017 азы. Йæ райрæзтæн радих кодтой дыууын фондз миллиард сомы. Куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц уымæ сæ хъус дарынц æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ. Æдæппæтæй басгардзысты æхсай цыппар кæрты. Сæ куысты хадзæгтæ арвитдзысты Дзæуджыхъæуы администрацимæ. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ куыд зæгъынц афтæмæй хæдзары цæрджытæ хъуамæ сæ хъус дарой куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц уымæ. Уæлдайдæр та сывæллæттæн хъазынæн фæзтæм. Ацы программæйы руаджы нæ республикæйы бирæ хæдзары кæртытæ саив уыдзысты. Плиты Хетæг _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Рæсугъд æмæ аив

Категория:

Новости и СМИ