Алцыдæр бæрæг кæны
Битарты Вячеслав кусæг балцы ис Мæздæджы районы. Бабæрæг кодта ахуырадон объекттæ. Фыццаджыдæр йæ фæндаг акодта Предгорныймæ. Фембæлд йæ цæрджытимæ. Уыдон ын рахъаст кодтой сæ дондзæуæн хæтæлтæ кæй нал бæззынц. Битарты Вячеслав фарста алыг кæныны ныфс бавæртта. Къуырисæры специалисттæ райдайдзысты цалцæггæнæн куыстытæ. Бахъæудзæн сын 22 милуан сомы. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй уый бæрц уæгъд æхца бюджеты нæй, фæлæ сæ хъæуы ссарын æмæ фарста аиуварс кæнын. Адæм ма разы не сты медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинадæй дæр. Зæгъæм, кардиограммæ скæнынæн сæ бахъæуы Мæздæгмæ цæуын. Уый базонгæйæ, республикæй сæргълæууæг хъæуы амбулаторийæн кардиограф балхæнынæй зæрдæ бавæртта. Уæд дзы Малый Малгобечы цæрджыты бон дæр уыдзæн пайда кæнын. Уæвгæ, дзы ныртæккæ 144 адæймаджы цæры, уыдонæй 22 скъоладзаутæ. Цæрджытимæ ныхасгæнгæйæ ма рабæрæг ахæм хъуаддыг – бынæттон скъола арæзт уыд лæсæнтæй тæссаг кæм у ахæм ран. Ныр æй сæхгæдтой. Сывæллæттæ кæм ахуыр кæной, уый сын нал ис. Битарты Вячеслав бынæттон администрацийæн бабар кодта фарста алыг кæнын. Хъуамæ сбæрæг кæной сывæллæттæ кæцы скъоламæ цæудзысты æмæ сæ чи æмæ куыд ласдзæн, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Алцыдæр бæрæг кæны
Категория:
Новости и СМИ