Беслæны цæуы республикон турнир боксæй

Дæхиуыл цæф ма æруадз, ныхмæлæууæгмæ хъæддых фæлæу, дæ тыхтæй раст спайда кæн. Ацы ныхæстæ æвзонг чызг йæ тренерæй арæх фехъусы, фæлæ ныр тохы рæстæг уæлдай ахсджиаг сты. Ацы уæлахиз Касаты Миланæйæн йæ къухы хуымæтæджы нæ бафтыд. Фыццаг суæвыны тыххæй æппынæдзух хиуыл кусын хъæуы. Фæстаг цыппар мæйы чызг фылдæр рæстæг залы уыд. Æххæст кодта сæрмагонд фæтк, бæстон архайды руаджы равдыста хорз хатдзæгтæ. Физикон цæттæдзинад ахсджиаг у, фæлæ удыхъæды фидардзинадмæ дæр кæсын хъæуы. Йæ тренер Кокойты Игорь йæ хъомылгæнинаджы зондахастмæ йе 'ргом здахы. Миланæйæ уæлдай йæ спортивон клубæй ерысты архайы ноджы 8 адæймаджы. Фæлæ чызджытимæ æндæр хуызы кусы. Ацы залы сæмбырд 270 спортсменæй фылдæр. Иу дæр дзы æнæ куыстæй нæ бады. Чи тохы размæ лентытæ тухы, иннæтæ хъусынц тренеры амынддзинæдтæм, æртыккæгтæ гауызыл архайдмæ лæмбынæг кæсынц, зӕрдыл дарынц боксёрты хуыздæр цæфтæ. Боксæй республикон турниры архайджыты кар у 13 азæй 22 азы онг. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы ерыстæ пайда сты фæсивæды хуыздæр суæвынӕн разæнгард кæнынмæ. Архайджытæ бирæ кæй уыдысты, уый тыххæй сæ адих кодтой дыууæ къордыл. Фыццæгты 'хсæн хуыздæртæ сбæрæг уыдзысты ацы къуырийы кæронмæ. Дыккаг къорд ерысты архайдзæн фидæны аз мартъийы. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ, раззагдæр спортсментæ бахаудзысты республикæйы иугонд командæмæ, уыдон дарддæр регионы номæй архайдзысты æппæтуæрæсеон турнирты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
104 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии