Коронавирусы уавæр Хуссар Ирыстоны фæхуыздæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

19 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

19 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

19 просмотров

6 лет назад

Абон, 14-æм июлы 28 азы сæххæст сабырдзинад бахъахъхъæныны фæдыл Хуссар Ирыстонмæ сабырдзинад тауæг тыхтæ куы æрбацыдысты, уыцы боныл. 1992 азы 14-æм июль хуссарирыстойнаг адæмы историмæ бацыд, куыд ирвæзынгæнæн ахсджиаг бон, афтæ. Кæд бирæ рæстæг рацыд, уæддæр уыцы азты цаутæ зæрдыл лæууынц. Ацы боны фæдыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты телеуынад бацæттæ кодта æрмæг. Дыууын аст азы размæ, 1992 азы 14 - æм июлы Хуссар Ирыстоны зæххмæ гуырдзыйы агресси бауромыны оххыл баконд æрцыдысты æртæфарсон Фидауынгæнæг тыхтæ. Уыдон руаджы бирæбæрцæй уæдмæйы æндыгъд уавæр фæсабырдæр. Абон æгас Хуссар Ирыстоны дзыллæйад, паддзахады разамынад Бибылты Анатолийы сæргълæудæй арынц фидауынгæнæг тыхты уæды сконды æфсæддæдты ном. Дидинтæ æвæрд æрцыдысты Фидауынгæнæгтыхты уынджы цыртдзæвæны раз. Лайф-президент и студенты Арфæйы ныхæстæ уыдон номыл йæ хæсыл нымайы зæгъын али хуссарирыстойнаг гоймаг дæр. Дæлбулкъон, ивгъуыд æнусы нæуæцæм азты Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæйы кусæг, æфсæддон корреспондент Беппиты Изольдæйæн ирд мысинагæй баззад йæ зæрдæйы Фидауынгæнæг тыхты къахæрбавæрд Хуссар Ирыстоны зæххмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Коронавирусы уавæр Хуссар Ирыстоны фæхуыздæр

Категория:

Новости и СМИ