Сæйраг финансон гæххæт
Хициуады хæдзары арæзт æрцыд республикон бюджетон къамисы радон æмбырд. Амыдта йæ Битарты Вячеслав. Æркастысты дзы республикæйы цалдæр уагдоны бюджетты проекттæм. Бюджетты проекттæ равдыстой информацион технологитæ æмæ бастдзинады управлени, нозт æмæ спъирт цы продукцийы ис, уый цæттæ кæныны æмæ уæй кæныны цæстдарды управлени, стæй цæрæнуæтты æмæ архитектурон-арæзтадон цæстдарды паддзахадон службæ. Къамисы уæнгтæ æрныхас кодтой, цавæр ивддзинæдтæ хъæуы бахæссын бюджеттæм, уый. Ахæм æмбырдты нысан у республикæйы сæйраг финансон гæххæт куыд æмбæлы, афтæ саразын. Хъуамæ фыццаджыдæр дзуапп дæтта социалон домæнтæн. Информацион технологитæ æмæ бастдзинады управленийы минæвæрттимæ республикæйы сæргълæууæг æрдзырдта Цæгат Ирыстоны визæтæ гом кæныны центр саразыныл. Уый руаджы республикæйы бюджетмæ цæудзыстыпаддзахадон фиддонтæ. Уымæй уæлдай ма республикæйы сæргълæууæг бадомдта æмбырды архайджытæй, фидæны азмæ сæ бюджеты арæзтмæ лæмбынæг куыд æркæсой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сæйраг финансон гæххæт
Категория:
Новости и СМИ