Туризмы рæзтæн
Экологон туризмы рæзтæн Национ парк «Аланийы» фæнд кæнынц этнографион хъæу саразын. Уый тыххæй фехъусын кодта национ парчы туризмы фарстаты директор Гуæздæрты Альбинæ. Инфраструктурæйы бæстыхæйтты рацарæзты фæдыл сарæзтой туристон концепци. Уымæ гæсгæ паркмæ бацæуæны хъуамæ фæзына визит-центр. Этнографион хъæу куы саразой, уæд уым та уыдзысты нывгæнджыты арт-резиденцитæ. Уыцы проект сæххæст кæнын фæнд кæнынц грантты фæрцы, агурынц уал амалхъом адæмы. Парчы разамынд курдиат балæвæрдта национ проект «Экология»-йы бацархайынмæ дæр. Гуæздæрты Альбинæйы ныхæстæм гæсгæ, парк Алани у æнцонвадат туристон балцвæдтæ аразынæн. Фæлладуадзæн бонты адæмæн сæ бон фенын у Цæгат Кавказы рæсугъддæр рæттæй иу – Дыгургомы цымыдисаг бынæттæ. Райсомæй-сихормæ фистæгæй ссæуæн ис цъититæм, хи цæстæй хæххон малтæ фенæн. Уæдæ Алайнаг культурæйы мæсгуытæ æмæ цыртдзæвæнтæм дæр акæсæн ис æвæлмæст цæстæй. Парчы сæмбырд кæнæн ис алыхуызон кæрдæджытæ; мæцкъуы, кæркмисындзæг, уагъылы. Национ парчы фæцæуынц квестытæ дæр, саразынц дзы эколагерьтæ. Ног балцвæд скæнынæн июлы райдиан ам æнхъæлмæ кæсынц бархионты. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ 2018-æм азы Цæгат Ирыстоны Национ парк бабæрæг кодта 9 мины æмæ 500 адæймаджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Туризмы рæзтæн
Категория:
Новости и СМИ