Цæгат Ирыстоны æрымысыдысты Хъайтыхъты Георы рухс ном

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Педагогон институты æрымысыдысты Хъайтыхъты Георы рухс ном. Мадзалмæ æрбацыдысты Фысджыты Цæдисы минæвæрттæ, рауагъдадты редактортæ, Хъайтыхъты мыггаджы минӕвæрттæ, студенттæ æмæ райдиан кълæсты ахуырдзаутæ. Æмбырды архайджытæ фæнысан кодтой Хъайтыхъты Георы хæстон намысы æвдисæнтæ. Ирыстоны адæмон поэт, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, зынгæ æхсæнадон архайæг Хъайтыхъты Геор райгуырдыл сæххæст 110 азы. Уый фæдыл та фыссджыты Цæдисы минæвæрттæ сарæзтой фембæлд. Суазæг сæ кодта Цæгат Ирыстоны педагогон институт. Геор 1929 азы каст фæцис педагогон техникум, уæд ацы ахуыргæнæн уагдон афтæ хуынд. Ахуырадон куырдадз тынг бæрнон цæстæй ракаст ацы хъуыддагмæ. Мадзалмæ сæмбæлдысты Фысджыты Цæдисы минæвæрттæ дæр. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, Хъайтыхъты Геор йæ рухстауæн куысты, йæ сфæлдыстадон бынты фæрцы литерæтурӕйы цы ирд фæд ныууагъта, уый хъуамæ иу уысммæ дæр мынæг ма кæна. Иудадзыг хъуамæ зæрдыл лæууа. Геор, аив рæнхъытæй нывæзт уацмыстæ фыссын райдыдта, 16 азы дæр ыл нæма цыд, уӕд. 20 азы йыл куы цыд, уæд та рацыд йæ фыццаг æмбырдгонд. Афтæмæй 70 азмæ йæ къухы бафтыд 40 поэтикон æмбырдгондæй фылдæр рауадзын. Уыдон мыхуыры рацыдысты нæ республикæйы, Мæскуыйы, суанг ма фæсарæйнаг рауагъдадты. Курдиатджын тæлмацгæнæг уæвгæйæ, Геор Александр Пушкины «Евгений Онегин»-ы хъайтарты сдзурын кодта иронау. Педагогон институты тымбыл стъол æрбангом кодта рауагъдадты редакторты, фысджыты, мыггаджы минӕвæртты, студентты. Хъайтыхъты Геор фыста куыд уырыссагау, афтæ иронау дæр. Уацмыстæ хистæр кары адæмæн, сывæллæттæн. Мадзалы кастысты æмдзæвгæтæ студенттæ ӕмӕ райдиан кълæсты ахуыргæнæн уагдон «Интеллект»-ы ахуырдзаутæ. Бæрæгбон барæсугъд кодтой Георы æмдзæвгæ «Рухсанæ»-йыл фыст зарæгæй. Хъайтыхъты Геор, стъалыйау, царды рухсгӕнгӕ цыд. Йæхæдæг нал ис, фæлæ нæ мынæг кæны йӕ рухс ном, йе 'мдзӕвгӕтӕ агайынц адæмы зонд, æнкъарæнджындæр сын кæнынц сæ зæрдæтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv