Цæгат Ирыстоны 2020 азы фæзындзæн сывæллæттæн 5 ног рæвдауæндоны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны 2020 азы национ проекты фæлгæты фæзындзæн сывæллæттæн 5 ног рæвдауæндоны. Уыцы куыстытæн рахай кæндзысты 278 милуан 807 мин сомы федералон æмæ регионалон бюджеттæй. Растдæр зæгъгæйæ 4 рæвдауæндоны аразын райдайдзысты уæлæмхасæн бæстыхæйттæ иу рæвдауæндон та арæзт æрцæудзæн бындуронæй. Дзыллон информацион фæрæзтæн уый тыххæй фехъусын кодтой ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæйæ. Нацпроект «Демография» æххæстгонд цæуы 2019-æй 2024 азы онг. Йæ фæлгæты ис 5 проекты. Æхсæз азмæ йыл бахардз кæндзысты 3 триллион сомæй фылдæр. Уæлæмхасæн бæстыхæйттæ сараздзысты республикæйы районты æмæ Дзæуджыхъæуы рæвдауæндæтты. 230 бынаты кæм уыдзæн, ахæм ног рæвдауæндон та фæзындзæн Беслæны.  Афæдзы кæронмæ хъуамæ арæзт æрцæуой 20 объекты 55 æмæ дыууынгай бынæттæн, æппæт хъæугæ дзаумайæ ифтонггонд куыд уой, афтæмæй. «Нæ сæйраг хæс у, рæвдауæндоны бынатмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыдоны номхыгъд фæкъаддæр кæнын, цæмæй æрыгон мадæлтæн куыстмæ рацæуыны фадат фæуа», - фыссы пресс-службæ Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башаринæйы ныхæстыл æнцайгæйæ. Ацы аз уал Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы районы байгом 9 уæлæмхасæн бæстыхайы. Уый руаджы 495 сывæллоны рæвдауæндонмæ рады æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны 2020 азы фæзындзæн сывæллæттæн 5 ног рæвдауæндоны

Категория:

Новости и СМИ