Аргъæутты бæстæйы
Оперæ æмæ балеты театры райсом уыдзæн премьерæ. Аивадуарзджытæн Дыгурон театр бацæттæ кодта Брытъиаты Созырыхъойы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль. Бакуыста йыл Щукæйы училищæйы рауагъдон Хъæцмæзты Ацæмæз. Æрыгон режиссерæн у йæ фыццаг куыст. Пьесæ уырыссагау сдзырдта Хадаты Альберты руаджы. Дыгурон театры труппæ йыл куыста 2 мæйы æмæ, актерты ныхæстæм гæсгæ, рауад тынг цымыдисаг. Аргъау у цуанон Дзег æмæ хæйрæджыты паддзах- Бæлгъуыры тыххæй. Дзег у сæйраг хъайтар, уарзондзинады руаджы йæ цард чи аивта ахæм, Бæлгъуыр та мæстыгæр æмæ фыдзонд паддзах. Режиссеры ныхæстæм гæсгæ аргъау канд сывæллæтты нæ, фæлæ ма сæ ныййарджыты зæрдæмæ дæр фæцæудзæн. Спектакльмæ ма бакæсæн уыдзæн райсом 2 сахатыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аргъæутты бæстæйы
Категория:
Новости и СМИ