Республикæйы скъоладзауты 'хсæн конкурс ацыд Дигорайы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

4 года назад

Бирæ азты дæргъы нæ республикæйы цы нацитæ цæры, уыдоны 'хсæн ахастдзинæдтæ фидарæй фидардæр кæнынц. Сæрмагонд мадзæлттæ та сын уымæн æххуыс. «Народы мира», зæгъгæ, æркастмæ фæсивæд бацæттæ кодтой цымыдисаг æрмæг. Радзырдтой нæ бæстæйы алыхуызон регионты цæрджыты культурæ æмæ æгъдæутты тыххæй. Куыстытæ рауадысты бӕстон æмæ мидисджын. Афтæ Полина Лобанович райдыдта йæ райгуырæн зæхх, республикæ Комийы тыххæй разныхас. Къамисы уæнгтæн радзырдтæ йæ алæмæты æрдз æмæ географион ранӕвæрды тыххæй, стæй дзы цы адæмыхаттæ цæры, уыдоны культурæты тыххæй. Полинæ Ирыстоны æрцард фарон. Æркасты тыххæй куы базыдта, уæд æй бафæндыд йæ адæмы тыххæй радзурын. Бæстонæй æркастмæ йæхи бацæттæ кодта Дзагуырты Алисæ дæр. Йæ иртасæн куыст снысан кодта Мордовийы бынæттон цæрæг адæмæн. Æмæ хуымæтæджы нæ. Алисæйы баба у мордвин. «Народы мира», зæгъгæ, æркасты бацархайдтой Дигора, Æрыдон, Николаевская страницӕ æмæ Мустыздæхæй скъоладзаутæ. Архайджытæ дихгонд æрцыдысты дыууæ къордыл: 5-æм къласæй 8-мӕ æмæ 9-æй 11-æм къласмæ. Сывæллæттæ сæ наукон разамонджытимæ бацæттæ кодтой адæмы хæттыты тыххæй разныхас. Æдæппæтæй аргъ скодтой 15 куыстæн. Уæлахиздзаутæ хорзæхджынгонд æрцыдысты майдантæ æмæ Кады гæххæттытæй. Мадзал бацæттæ кодтой патриотон клуб «Родина»-йы хъæппæрисæй. Калоты Дзерассæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv