Цæгат Ирыстоны спортсментæ тайаг боксæй чемпионаты бацахстой фыццаг бынат
Цæгат Ирыстоны иугонд командæ бацахста фыццаг бынат тайаг боксæй. Чемпионат цыд Мæздæджы. Цæгатирыстойнаг спортсменты хæрзиуджыты голладжы – 35 сыгъзæрин, 15 æвзист æмæ 7 бронзæ майданы. Ерысты æдæппæтæй архайдтой 200 спортсменæй фылдæр. Ссыдысты Уæрæсейы алы регионтæй: Ростовæй, Дагестанæй, Стъараполы æмæ Краснодары крайæ. Æвзонг спортсменты цæттæ кодтой тренертæ Тариты Верди, Хæситы Тамерлан, Цæллагты Мурат æмæ Джиоты Аслан. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны спортсментæ тайаг боксæй чемпионаты бацахстой фыццаг бынат
Категория:
Новости и СМИ