Омскы цæрæг, ультрамарафоны архайӕг Иван Давыдовæн йӕ хæрзаудæн згъорд «Кавказская тропа»
Омскы цæрæг, ультрамарафоны архайӕг Иван Давыдовæн йӕ хæрзаудæн згъорд «Кавказская тропа» кæронмæ æрхæццæ. Йæ фæлгæты йæ къухы бафттыд 52 бонмæ разгьорын 1250 километры. Йæ фæндаг ракодта Дагестан, Цæцæн, Мæхъæл, Цæгат Ирыстон, Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкеси, Краснодары крайыл. Йæ размæвæрд нысанмæ тырнгæйæ, бабæрæг кодта Дзæуджыхъæу дæр. Алы горæты дæр-иу марафоны архайæг аныхас кодта журналисттимæ, радзырдта-иу сын йæ балцы тыххæй, йæ фæндагыл цы къуымпытимæ æмбæлд, уыдоны тыххæй дæр. Фæлæ æрдзон уавæртæ, æнæзонгæ къахвæдæгтæ хъæдты, сæйрагдӕр та, æгæрон фæндæгтæ бæлццонæн йæ ныфс нæ асастой. Æрвылбон дæр ын йæ хъæбатырдзинадæн æвдисæн уыдысты «Дом радужного детства»-йы хъомылгæнинæгтæ. Цæвиттон, ацы хæрзаудæн мадзал дæр уыдоны номыл арæзт уыд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv