Бинонтæн фатер балæвар кодтой
Цæллагты бинонтæ 15 азы размæ уынджы аззадысты. Цыддæриддæр сæм æхцайы фæрæзтæ уыд, уыдон цæсты фæныкъуылдмæ фæцыдæр сты. Æрцардысты сæ хиуæттæм, фæлæ искæмæ цæрын зын у. Бинонты хицау кæмæ куыста, уый сæ æрцæрын кодта медицинон пункты бæстыхайы. Цæрынæн уавæртæ дзы нæ уыд, фæлæ цы гæнæн ис. 2010 азы хæдзары цæджындз æркалд æмæ нæлгоймаг фæмард. Мад йе’ртæ сывæллонимæ иунæгæй баззад. Бирæ алыхуызон профилон куыстуæттæм фæцыд. Хъыгагæн, дзæгъæлы. Фæлæ Хуыцау бафхæрын куыд зоны, афтæ хорздзинад дæр ратты. Йæ курдиæттæй иу Цæгат Ирыстоны арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбеджы къухтæм бафтыд. Хъуыддагæй исты рауад, æви нæ, кæсут нæ дарддæры æрмæджы. Бетон пъолтæ, рудзгуытыл æвгты бæсты целлофан цъар, сæ зыхъхъыртты дымгæ мидæмæ сæррæтт кæны, къултыл хъуына фæхæцыд æмæ афаз сты. Бæстыхайы нæй хъармгæнæн системæ, газ, дон. Ахæм уавæрты Цæллагты бинонтæ15 азы дæргъы цæрынц. Æндæр хуыздæр хæдзар самал кæнын сæ къухы нæ бафтыд. Сывæллон схъомыл кæнын, цæмæй хъуаг мацæмæй æййафа, уый тынг зын у, уымæ гæсгæ хъуыды кодтой се`ртæ сывæллоны куыд схæссой, ууыл. Уый цæрынæн уавæртæ нæ фæрогдæр кодта.Фæлæ абоны бон Цæллагты Этери йæ зын цæрдтытæ мидбылты худгæйæ æрымысы, уымæн æмæ сæ хъизæмæрттæ фесты. Баххуыс сын кодтой искæйы зынмæ уазал цæстæй чи нæ кæсы, ахæм адæм.Цæгат Ирыстоны арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбекы стъолыл та ногæй уыд баххуыс кæныны курдиат. Мæгуыр бинонты фæдисы хъæр йæ зæрдæмæ арф айста. Райста сын хаццоны фатер, фидынмæ дæр сын баххуыс кодта. Цæллагты Этери: «Æрцыдыстæм ацы райдзаст фатермæ. Уырнгæ дæр нæ нæ кæны сæрмагонд адрис нын кæй фæзынд,уый.Уый размæ нын уый дæр нæ уыд. «Биномæ» бацæуæн уыд нæ адрис. Стыр бузныг Икъаты Русланбекæн, йæ цæст нæм æрдардта æмæ нын баххуыс кодта. Цæргæ-цæрæнбонты йын бузныг уыдзыстæм æмæ арфæтæ кæнынæй нæ бафæллайдзынæн». Бинонты зæрдæтæ хуры рухсæй дзаг, сæ бæллиц сæххæст. Фæндыд сæ цæрынæн æнцондæр фадæтты цæрын æмæ сæ къухы бафтыд. Цæллæгты бинонтæн сæ циныл цин бафтыд Этерийы юбилеймæ.Сæххæст ыл 50 азы. Сæ хъарм къона уыцы бон æрбамбырд кодта уарзон хиуæтты æмæ къабæзты. Уæдæ бæрæгбонмæ цæттæ кæнын сын ацы хатт уæлдай æхсызгондæр уыд.Сылгоймагæн йæ къух фæрогдæр, хæдзары куыстытæ кæнын ын дзæвгар æнцондæр у. Хаттæй-хатт уырнгæ дæр нæ фæкæны, газ дæр æм кæй ис æмæ дон дæр, уый. Цæллагты Этери: «Бон иу дон 100-гай литртæ хастон. Æппынæдзух сывæллæттæм хыл кодтон, дон бирæ ма хардз кæнут, зæгъгæ, ауæрдут ыл. Ныр дæр ма къран сыхгæнын, цæмæй дон дзæгъæлы ма кæна». Фæлæ уæддæр Этери ныр дæр уынджы баззайынæй тæрсы.Тæрсы сæ нырыккон цард рæсугъд фынау куы атайа æмæ та сæ ногæй заводы цæрын куы бахъæуа, уымæй. Цæллагты Этери йæ ног фатеры къæсæрæй бахызт. Фæлæ цалдæр сахаты размæ,цалынмæ йын йæ ног хи хæдзары дæгъæлты тыхтон йæ къухы нæ бакодтой, уæдмæ йæ уырнгæ дæр нæ кодта, йæ фарста лыггонд кæй æрцыд, уыд.Уый та Икъаты Руслынбекы рог къухæй, ацы лæвар сын уый скодта. Цæллæгты Этери: «Уырнгæ дæр мæ нæ кæны мæ фатер кæй у. Уыдзæн нын нæхи адрис, мæ бон уазджыты хонын дæр кæй уыдзæн. Мах тынг хъизæмар кодтам уыцы заводы цæргæйæ. Стыр бузныг уын». Цæллагты Этерийы зæрдæ цины стъæлфæнтæй дзаг. Йæ кæстæр фыртимæ дисгæнгæйæ, ракас-бакæс кæны йæ ног хæдзары къуымтæм.Йæ хъуыды ис ацы циндзинады фæдыл æртæ кæрдзыны скæнын, зæрдиагæй хоны алкæйдæр.Цæллагтæ сæ ног фатеры тагъд рæстæджы хъавынц æрцæрын. Кæд гæнæн фæуа, уæд абон дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бинонтæн фатер балæвар кодтой
Категория:
Новости и СМИ