Ирон Академион театры сценæйыл æвæрд æрцыд Тедеты Георгийы драмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

4 года назад

Йæ фыды хæдзары цы æртæкъахыг фынг ис, ууыл Иран нал æрвæссы, цингæнгæ йæ ивы нырыккон стъол æмæ бандæттыл. Æмæ куыд нæ? Сæрæстыр у.12 азы размæ, йæ дыууæ æфсымæрау, хуыздæр цард агуырæг фæцыд фæсарæнтæм. Ныууагътой сæ ныййарæг мад æмæ райгуырæн бæстæ. Фæлæ, арæх царды куыд рауайы, афтæ мулк дих кæныны рæстæг сæ фыды уæзæгмæ фæстæмæ ссыдысты. Хуымæтæг, фæлæ кæдфæндыдæр ахсджиаг темæ.Тæккæ райдианæй артисттæ ирдæй аивадуарзджыты æргом аздæхтой спектаклы сæйраг мидисмæ. Хистæртæ æмæ кæстæрты 'хсæн ахастдзинæдтæ, козбаудзинад æмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад.Тедеты Георгийы драмæ «Гутон, цирхъ æмæ уацамонгæ» сценæмæ рахæссынмæ цæттæ кодтой цалдæр мæйы. Фæстаг хатт спектакль адæмы размæ хаст æрцыд 50 азы размæ. Уымæ гæсгæ артисттæ сæ куыстмæ бавнæлдтой уæлдай бæрнонæй.  Хъайтарты хъысмæтмæ лæмбынæг кæсæг адæм, алыхуызон æнкъарæнтæ æмæ къухæмдзæгъд. Ногæй та  ирон театры курдиæтджын актертæ сæ сæйраг хæс сæххæст кодтой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv