Транспортон хъалонæй, гæнæн ис, æмæ льготæтæ фæстæмæ здахын райдайой
10 азæй фылдæр цы хæдтулгæтæ фæкуыстой, уыдоны транспортон хъалонæй, гæнæн ис, æмæ льготæтæ фæстæмæ здахын райдайой Цæгат Ирыстонмæ. Ацы хъуыддагыл бакусын бахæс кодта Битарты Вячеслав. Кусæг фембæлд республикæйы сæргълæууæгæн уыди уынаффæгæнæг Гусаты Юрий æмæ амалхъом адæймæгты бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимуримæ. Транспортон хъалонты æфтиæгтæм ивддзинæдтæ бахæссыны кæй хъæуы, уый рабæрæг цæрджыты курдиæттæй. Хæстæгдæр рæстæг бæрнон кусджытæ ахæм хъæппæрис бахæсдзысты Цæгат Ирыстоны Парламентмæ. Уымæй уæлдай ма фембæлды æрдзырдтой æндæр ахсджиаг фарстатыл. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, дарддæр хъæуы кусын амалхъомады æмæ инвестицион проектты райрæзтыл. Уæлдай дæр æркæсын хъæуы хæрзгæнджыты хъуыддæгтæм. Медойты Тимур куыд бафиппайдта, афтæмæй фæстаг рæстæг амалхъомадæн административон æгъдауæй фылдæр æххуыс цæуы. Уый руаджы Цæгат Ирыстоны фылдæр кæнынц егъау куыстуæттæ. Зæгъæм, «Леруа Мерлен» æмæ «Метро». 2021-æм азы йæ тыхы нал уыдзæн Æфтиæгтæ нымайæн хъалон, уый фæбæрæг уыдзæн чысыл æмæ астæуккаг амалхъомадыл. Хъуыддаг цæмæй æвзæры*рдæм ма ахада, уый тыххæй республикæйы сæргълæууæг бабар кодта сæрмагонд кусæг къорд саразын. Уыимæ ма 2025-æм азмæ уыцы къабазы архайджыты нымæц фæнд кæнынц 50 мины онг фæфылдæр кæнын. Ныртæккæ уыцы бæрæггæнæн у 30 мин адæймаджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Транспортон хъалонæй, гæнæн ис, æмæ льготæтæ фæстæмæ здахын райдайой
Категория:
Новости и СМИ