Чи уæлдæр?
Фæлладуадзæн бонты Дзæуджыхъæуы цыдысты къæдзæхтыл бырынæй ерыстæ. Сæ тыхтæ бавзарын ацы спорты хуызы бирæты бафæндыд. Къæдзæхы цъуппытæм сæ ных сарæзтой 60 адæймаджы. Чи тагъддæр æмæ цæрдæгдæр, уый уыдис сæ нысан. Сæхи `взæрстой канд нæлгоймæгтæ нæ, фæлæ сылгоймæгтæ дæр. Дзæуджыхъæуы администрацийы хъæппæрисæй ацы ерыстæ дыккаг хатт цыдысты. Цавæр æнтыстдзинæдтæ равдыстой архайджытæ, уый уын радзурдзыстæм нæ дарддæры æрмæджы. Кæд Къуырийы кæрон бирæтæ улæфгæ фæкæнынц, уæд ацы фæсивæд та сæ уæгъд рæстæджы дæр уарзынц къæдзæхтæм бырын. Ацы хатт дæр та афтæ. Фæлæ ерысты хуызы. Хæслæвæрд æмæ тактикæ бæлвырдгонд сты. Хъæуы сæ æрмæст сæххæст кæнын. Спортсменты кусæнгæрзтæ дæр цæттæ сты. Константин Бруц къæдзæхыл бырыны спорты хуызæй хæрз æрæджы архайын райдыдта. Фыццаг йæхимæ мæстæй тыдта, æнарæхст дæн, зæгъгæ. Куыдфæстæмæ фæсæрæндæр. Ерысты архайæг Константин Бруц: «Фыццаг хатт къæдзæхыл куы бырыдтæн, уæд тынг тарстæн. Фæлæ бæрзондæй куы акастæн, уæд мæхицæй тынг сæрыстыр уыдтæн. Ерысты фыцаг хатт архайгæйæ, райстон фыццаг бынат. Цы ма вæййы хуыздæр». Ерысты архайынц, æрæджы йæхи фæлварын чи райдыдта, ахæм фæсивæд дæр. Константин Бруц сын зæрдиагæй хай кæны йæ зонындзинæдтæй. Саразы сын дæсныйад æвдисæг ахуыртæ. Сæйрагдæр ацы спорты хуызы у æдасдзинад. Стæй дзы хъæуы сæрæн уæвын. Къæдзæхыл быргæйæ хъуамæ архайæгмæ æнæмæг уа згъæрхуд æмæ бæндæн. Гыццыл куы фæрæдийай, уæд та дæ фæндаг ногæй райдайдзынæ. Ерысты фидауц Засеты Зæлинæ куыд зæгъы, афтæмæй къæдзæхтæм бырын æрмæст нæлгоймæгты хъуыддаг нæу. Йæ цард ын æнæ ацы экстремалон спорты хуызæй ад нæ кæны. Куыддæр ын рæстæг вæййы, афтæ æрыгон чызг къæдзæхтыл февзæры. Хæхтыл хилгæйæ æрмæст йæ буары тых нæ фылдæр кæны. Æхсиды йæ миддуне дæр. Ерысты архайæг Засеты Зæлинæ: «Къæдзæхтыл æрмæст нæлгоймæгтæ хъуамæ бырой чи зæгъы, уыдон раст не `сты. Кæнæ хъуамæ уарзай къæдзæхтæ кæнæ нæ! Мæнæн мæ зæрдæмæ цæуыæ. Де `нкъарæнтимæ тох кæныс æмæ уый туг æркусын кæны». Цæгат Ирыстоны къæдзæхтыл бырыны спорт нырма хæрзæрæджы фæзынд. Къæдзæхтæм бырын тынг бирæ фæсивæд кæй уарзы, уый тыххæй райдыдтой професионалон ерыстæ аразын. Ацы аз цæуынц 2 хатт. Фæсивæдон политикæ, физкультурæ æмæ спорты комитеты сæрдар Баситы Марат: «Нæ зæрды ис турнир егъаудæр æмæ парахатдæрæй аразын. Кæй фæнды, уыдонæн хъуамæ бар уа ерысты архайынæн. Æххуысцух кæй стæм, уый æмбарæм. Фæлæ нæ ацы спорты хуызмæ фæнды фылдæр æргом здахын». Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Ерысы архайджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ сæйрагдæр лæвар сты се `нкъарæнтæ. Æнæмæнгæй ма иннæ аз дæр турниры бацархайдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Чи уæлдæр?
Категория:
Новости и СМИ