Мобилон уæлæфтуан «Ирон чиныджы» фæзынд аудиочингуытæ телефонмæ бавгæныны фадат

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Ахæм уæлæмхасæны руаджы адæмæн сæ бон у ирон адæмон сфæлдыстады æмæ ирон литературæйы классикты уацмыстæм хъусын. Йæ саразæг Гæбæраты Æхсарбеджы ныхæстæм гæсгæ, ахæм фадат уыдзæн чырæ телефоны интернет куы нæ куса, уæддæр. Уымæй уæлдай ма уæлæфтуаны фæзынд дыгуырон-уырссаг дзырдуат дæр. Кæд чиныгкæсæг цавæрдæр ныхасы нысаниуæг не мбара, уæд æй хъæуы æрмæстдæр тексты мидæг фæнысан кæнын. Уæлæмхасæны фæзындзæн йæ нысаниуæг, уымæй уæлдай ма уыцы ныхасимæ дзырдбæстытæ дæр. «Ирон чиныджы» аудиочингуыты нымæц æппынæдзух рæзы. Се `хсæн ссарæн ис алыхуызон æмдзæвгæтæ, уыци-уыцитæ æмæ æндæр цымыдисаг информаци. Аудиочиныг ныфыссынц Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон æмæ Дыгуырон театрты артисттæ. Æрæджы цы чингуытæ равæрдтой уæлæмахсæнмæ уыдон хсæн ис Чеджемты Геор, Сабанты Сулейман, Гуысалты Замирæйы фыст уацсмыстæ. Уымæй уæлдай ма Джыккайты Шамилы чиныг «Ирон таурæгътæ» дæр. Фæнысан кæндзыстæм уый, æмæ проект «Ирон чиныг» сарæзтой 2017 азы. Ныридæгæн дзы ис 300 уацмысæй фылдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мобилон уæлæфтуан «Ирон чиныджы» фæзынд аудиочингуытæ телефонмæ бавгæныны фадат

Категория:

Новости и СМИ