Дарддæр та цы?
Къостайы номыл проспекты, 79 хæдзары цæрджытæн сæ фарстатæ нæма аиуварс кодтой. Ам фатертæм адæм æнхъæлмæ кастысты 10 азæй фылдæр. Ныр сæ райстой, фæлæ та ног къуылымпыдзинæдтæ. Бæлвырдтдæр дзургæйæ, хæдзары кæрт у чысыл. Адæм хъаст кæнынц: сæ бон дзы рæстмæ базмæлын дæр нæу. Уымæй уæлдай ма дзы æрæджы арæзтадон куыстытæм бавнæлдтой. Бынæттон цæрджытæн сæ зæрды сывæллæттæн хъазæн фæз саразын кæм уыд, уым ныр цы фæзындзæн? Хъуыддагмæ аркаст не`cфæлдыстадон къорд. Ацы хæдзары фезмæлæн нæй. Экспертты хатдзæгтæм гæсгæ æппæт хъæугæ домæнтæн дзуапп нæ дæтты.14 хатты къаддæр у. Хæдтулгæтæн дзы æрлæууæн бынат дæр нæй.Уæдæ дзы сывæллæттæ сæхи кæм ирхæфсой ахæм ран дæр нæй. Уый тыххæй сæ сосæ фæндаджы сæрты фæхъæуы ахизын. Сæ фарсмæ цы хдзар ис уый банымадтой кæлæтдзагыл. Цæрджыты æндæр рæттæм федералон программæмæ гæсгæ арвыстой. Куыддæр дзы цæрæг нал баззад афтæ хæдзары алфамбылай фæзынд сæрмагонд техникæ. Цæрджыты зæрдæмæ ацы хъуыддаг нæ цæуы. Тæрсынц арæзтадон объект дзы кæй фæзындзæн уымæй.Куыд зæгъынц афтæмæй ам бирæуæладзыгон хæдзар амайын куы райдайой уæд æрмæст санитарон æмæ зынгсивæрсты домæнтæн нæ дæттдзæн дзуапп фæла ма уыдзæн цардæн тæссаг дæр. Арæзтадон компанийы куыд бамбарын кодтой афтæмæй дзы ныртæккæ арæзтадон куыстытæ нæ цæуынц. Кæлæтдзаг хæдзары алфамбылай цы фæзуат ис уый горæты администрацийы бæрны ис. Уым куыд зæгъынц афтæмæй хъуыддаг мæ сæ цæст дарынц. Дзæуджыхъæуы галиуварсы префектурæйы разамонæджы хæдивæг Дзеранты Георгий: «Ныртæккæ арæзтадон компанимæ ис зæхх хаццоны райсыны бадзырд. Фæлæ дзы арæзтадон куыстытæ райдайа уый барæм нæй. Уымæ гæсгæ куыстытæ æрлæууын кодтам. Забор ногæй аивæзтой, техникæ дæр ракодтой. Административон-техникон инспекцийы хайады кусджытæн бабар кодтам цæмæйæнæ бардæттæг гæххæтытæй арæзтадон куыстытæ конд ма цæуой». Администрацийы нын куыд бамбарын кодтой афтæмæй зæххы хаццоны гæххæтытæ пъланмæ гæсгæ конд не сты. Объекты фæзуат у 1000 квадратон метрæй фылдæр. Бадзырды та нысангонд цæуы къаддæр фæзуат. Зæрдæ æвæрынц -цалынмæ хъуыддагмæ бæстонæй æркæсой уæдмæ куыстытæ нæ радайдзысты. Фæлæ цæрджыты ныфс ис зæххы хай уыдонæн кæй ратдзысты уымæй. Фæнд дзы кæнынц сывæллæттæн хъазæн фæз æмæ кæрт саразын. Уыдон сæ æнæмг хъæугæ кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дарддæр та цы?
Категория:
Новости и СМИ