Цæгат Ирыстоны ацы аз социалон контракты æххуысæй спайда кодтой 722 адæймаджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

30 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Цæгат Ирыстоны ацы аз социалон контракты æххуысæй спайда кодтой 722 адæймаджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

30 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

30 просмотров

3 года назад

Социалон контракты руаджы амалхъомады æнтыстджынæй архайӕн сси æнцондæр. Паддзахады æххуысæй чи спайда кæны, уыдоны нымæц азæй-азмæ рæзы. Се 'хсæн нæ дарддæры æрмæджы хъайтартæ Дзугкойты Дзерассæ æмæ Дзоцъиты Давид дæр. Дзугкойты Дзерассæ йæ гыццылæй дæр зыдта — суыдзæн сæрæлвынæг. Æмæ ныр ацы куыст кӕны 15 азæй фылдæр. Фыццаг уал æм клиенттæ цыдысты сæхимæ. 6 азы размæ та Алагиры байгом кодта йæхи аивгæнæн салон. Куыд зæгъы, афтæмæй йæм йæ дæсныйады зын ницы кæсы. Дзерассæ æппынæдзух кусы йæ райрæзтыл. Ныр дæр та фæнд кæны сæрылвынæджы курсытæм бацæуын. Ныртæккæ йæм 20 сертификатæй фылдæр ис. Уымæй уæлдай, сылгоймаг сног кодта йæ кусæн мигæнæнтæ. Хъуыддаг къухы бафтыд социалон контракты æххуысæй. Бафыста йæ фарон æмæ райста 250 мин сомы. Ахæм хуызы æххуысæй спайда кодта Дзоцъиты Давид дæр. Лæппу хъæдæй æмæ сыкъатæй аразы лӕвайраг дзауматӕ. Дыууæ азмæ зӕрдӕмӕдзӕугӕ архайдæй рауад æнæхъæн куыстуат. Æрмдæсныты къухтӕй арæзт дзауматæ та туристтæ æппынæдзух æлхæнынц. Суанг ма сæ агурынц сыхаг республикæтæ æмæ Европæйы дæр. Социалон контракты тыххæй Давид базыдта йæ зонгæтæй æмæ дзы сфæнд кодта спайда кæнын. Хицауад ын цы 350 мин радтой, уыдонæй балхæдта сæрмагонд ифтонггæрзтæ. Ныр цы дзауматæ аразы, уыдоны нымæц зынгæ фæфылдæр. Ацы æз æдæппæтæй республикæйы бафыстой 722 социалон контракты. Уыдонæн, Фæллой æмæ социалон рæзты министрады бæрæггæнæнитæм гæсгæ, рахай кодтой 160 млн сомы. Паддзахадæй æххуыс райсыны тыххæй гæххæттытæ бадæттын хъæуы цæрæнбынатмæ хæстæг социалон лæггæдты комплексон центрмæ.

, чтобы оставлять комментарии