Фæллойгæнджытæн - æппæт фадæттæ
Æрæфы районы фермертæн фадат уыд нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбегимæ комкоммæ аныхас кæнынæн. Министр кусæг балцы уыд районы æмæ бабæрæг кодта, стурвос кæм дарынц, ахæм 5 фермæйы. Сæ хицæуттæ - куыд фæлтæрдджын, афтæ фосы куыст нырма ныр чи райдыдта, ахæмтæ дæр. Æмæ сæ `ххуыс куыд нæ хъæуы. Сæ зæрдæ дарынц паддзахадон гранттыл. Кусæг балцы сæйраг нысан та уыд, æххуыс кæй хъæуы, уыдоны равзарын. Бæлвырддæр - нæ дарддæры æрмæджы. Бабочиты бинонтæ хъæууон хæдзарадон куыст 12 азы бæрц кæнынц. Фыццæгты фыццаг чысыл фæллойæ райдыдтой, фæлæ рæстæг куыд цыд, афтæ сæ хæдзарад дæр рæзыд,сæ стурвос бабирæ сты 100 сæры онг. Цавæрдæр аххоссæгтæм гæсгæ иу гыццыл фæкъаддæр сты. ныр та сты 92 сæры хицæуттæ. Фылдæр кæнынц æхсыры продукци. Уый дæр хуымæтæджы нæ, нæ горæты стыр дуканитимæ баныхас кодтой, æмбæлгæ гæххæттытæ бафыстой æмæ сæм ласынц цыхт, æхсыр æмæ æндæр æхсыры продукттæ. Сæ хъуыдыйы ис фермæйы рæзтыл бакусын. Фæнды сæ зæххытæ фестырдæр кæнын, уæд сæ бон уыдзæн фылдæр фос скæнын. Ныртæккæ дæр сын бынат нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ, ацы хъуыддаг у сæ риссагдæр фарста. Зæрдæ дарынц паддзахады æххуысыл. Амалхъом адæмы бæрц Цæгат Ирыстоны азæй-азмæ фылдæр кæнынц. Уый хорз у. Æхсызгон та уый у æмæ фермертæ сæхи пайдайæн нæ архайынц. Фæнды сæ нæ республикæйы хъæууон хæдзарады рæзтыл бакусын, адæмæн бынæттон хæрзхъæд продукци уæй кæнын. Уый та профилон министрады разæнгард кæны баххуыс сын кæнынæн. Уыцы хъуыддаджы фæдыл Уазиаты Хъазыбег, ветеринарон службæйы æмæ «Россельхозбанчы» минæвæрттæ зилынц районтыл. Фæнды сæ фермерты куыст сæхи цæстæй фенын. Бæрæг кæнынц куыд зæххыты уавæр, афтæ сæм æмбæлгæ гæххæттытæ ис, æви нæ, уый. Уымæй уæлдай-ма кæд фермертæм исты фарстатæ фæзыны, уæд сын дзуапп раттынц. Министры ныхæстæм гæсгæ, хъæууон хæдзарады кусджытæн сæ куыст пайдайаг æмæ ахадгæ уыдзæн æрмæстдæр бæрнон структурæтимæ æмгуыстады æмæ се æххуысы фæрцы. Республикæйы разамынд та сын гранттæй æххуыс кæндзæн. Хъыгагæн, уый дæр бирæйы фаг нæ вæййы. Куыстадон балц дыууæ хайæ арæзт уыди. Фыццаг æркастысты хæдзарæдтты куыстмæ, уый фæстæ аныхас кодтой амалхъом адæмимæ. Дыккаг хайы та фермертæн фадат уыд бæрнон структурæты кусджытимæ аныхас кæнын. Уый та уый тыххæй цæмæй амалхъом адæм куыд æмбæлы афтæ ныфыссой курдиат паддзахадон æххуыс райсынæн. Æрæфы районмæ куысæг балцæй министр разыйæ баззад, *хсæн бæрæг чи дары, ахæм цалдæр фермæйæ раппæлыд. Æрцыд хатдзæгмæ - фермæтæн, æнæмæнг, хъæуы æххуыс кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фæллойгæнджытæн - æппæт фадæттæ
Категория:
Новости и СМИ