Химикты фембæлд
Æппæт дунейы ахуыргæндтæ æрæмбырд сты Цæгат Ирыстоны университеты. Органикон химийы 5-æм æппæтуæрæсеон конференци кадджын мадзалы байгом кодтой. Æрныхас дзы кæндзысты химийы ногдзинæдты тыххæй. Сæ фембæлды сæйраг темæ у органикон химийы пайда алыхуызон дæсныйæдты. Æппæт Уæрæсейы ацы конференци нымад у егъаудæртæй иуыл. Цы бынаты арæзт æрцыд, уый дæр хуымæтæджы нæу. Къостайы номыл университет хъуыстгонд у химийы тыхджындæр скъолайæ. Зæгъдзынæн ма уый, æмæ конференци бабæрæг кæндзысты 600 ахуыргондæй фылдæр. Æмгуыстады хатдзæгтæ сбæлвырд кæндзысты 14 сентябры. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Химикты фембæлд
Категория:
Новости и СМИ