Уæлдай цæстдард

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны хъæдтæ æвæгæсæг не`сты. Хъæды хæдзарады кусджытæ тох кæнынц бæлæстæ æнæ закъонæй чи лыг кæны, уыдонимæ. Ног азы бæрæгбоны агъоммæ хъæдмæ уæлдай цæстдард ис. Уымæн æмæ бирæтæ нæзы æмæ заз бæлæстæ бæрæгбонмæ сфæнд кæнынц хъæдæй æрхæссын, уыимæ ма уæй кæнынмæ. Алагиры хъæды хадзарады кусджытæ сарæзтой радон рейд. Семæ уыд не`сфæлдыстадон къорд дæр. 40 азæй фылдæр Габысаты Зарæ хъахъхъæны хъæд. Зæгъæм, нæ уадзы нæзы бæлæстæ æнæзакъонæй калын. Уæдæ сæ зынгсирвæзтæй дæр хъахъхъæны. У хъæды инспектор. Браконьерты рабæрæг кæнын ын зын нæу. Уыдо сæ фæстæ ныууадзынц фæдтæ, саст къалиутæ æмæ калд бæлæстæ.  Зарæйы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ знаггадгæнджытæ арæх не сты. Алагиры хъæууон хæдзарады кусæг Зарæ Габысаты: «Хъæд калынæй уыйбæрц барадхæлдтытæ нæ вæййы. Нæ бæрны цы талатæ ис уыдоныл æрвылбон æрзилæм. Бæлæстæн сæ 80% зайын Садоны æмæ Тæмисчы хъæды хæдзарадты зæххыл. ацы зæххы гæппæлтыл æппæтæй фылдæр ис хих бæлæстæ. Се `хсæн хæххон нæзы бæлас, тулдзтæ æмæ бæрз бæлæстæ». Ног азы бæрæгбæттæм хæстæгдæр, Алагиры хъæды хæдзарады кусджытæн куыст фылдæр вæййы. Сæ бæрны ис хъæды 33 мин гектары. Цæмæй нæзы бæлæстæм браконьерты къух ма бахæццæ уа, уый тыххæй кусын æхсæвæй бонæй. Хæдзарады кусджыты фæрцы хъæдæй браконьертæ сæхи ныртæккæ дард ласынц. Закъоны сæрты ахизын чи бафæлвара, уыдон та æрцæудзысы æфхæрд. Гæнæн ис, æмæ уголовон хуызы дæр. Рейды архайджыты сæйраг куыст нырма разæй ис. Уæлдайдæр та ног азы бæрæгбæтты размæ. Уый хынцгæйæ хъæдгæстæ лæмбынæг кæсынц, нæзыбæлæстæ кæм зайы, уыцы территоримæ. Уæвгæ нæзы æмæ заз бæлæстæ канд хæххон пейзажы рæсугъддзинад æвдисæг не сты. Сæ уидæгты системæйы фæрцы фидардæр æмæ хуыздæр кæны мæр. Уымæ гæсгæ сты уæлдай хъахъхъæнинаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Уæлдай цæстдард

Категория:

Новости и СМИ