Джызæлы цæрджыты тыхсын кæнынц уæзлас хæдтулгæтæ

Боны дæргъы хæдтулгæты нымæц 700-йæ ахизы, зæгъы Къæбулты Таймураз. Нæлгоймаг райгуырд æмæ схъомыл Джызæлы. Йæ хъуыдыйы кæрон дæр никуы уыд, æмæ сæ уынгæй федералон трассæ кæй рауайдзæн. Таймуразы хъуыдыимæ разы сты йæ сыхæгтæ дæр. Рыг, æвзæр тæф. Уынæрмæ та, раст хæдзæрттæ дæр сæнкъуысынц, зæгъынц цæрджытæ. Ахæм уавæр сæм сæвзæрд афæдзæй раздæр. Адæм бафæлладысты. Сты мæстыгæр. Сæ хæдзары æнтæф бон дæр сæ бон нæу рудзынг байгом кæнын, уæдæ дуармæ дæр сабыры нæ абаддзынæ. Уæзласæн хæдтулгæтæ цæуынц Джызæлы дыууæ сæйраг уынджы уылты — Пролетарская æмæ Кировы номыл. Дыууæ скъолайы, дыууæ рæвдауæндоны, культурæйы галуан æмæ посты хайад. Æппæт ацы ахджиаг объекттӕ сты фæндагмæ хæстæг. Афтæ æнцонæй сæм нæ бахаудзынæ. Фæндагыл ахæм змæлдимæ æппынæдзух адæмы хъæуы къæрцхъус уæвын, уæлдай дæр та фæндаджы сæрты хизгæйæ. Фистæгдзæуджытæн дзы тротуартæ нæй. Фылдæр тæрсынц сабитыл фыдбылыз куы 'рцӕуа, уымӕй. Адæмæн сæ бон бамбарын нæ уыд, уæзласæн хæдтулгæтæ кæй бæрны сты, уый. Фыццаг хъуыды кодтой, техникæ кæй архайы горæты иувæрсты цæуæн фæндаджы цалцæджы, уымӕ гӕсгӕ ис бирӕ машинӕтӕ. Афтæ у æви нæ, уый бафарстам Упрдор Кавказы Дзæуджыхъæуы филиалы специалисты. Æвæстиатæй бынæтмæ æрцыдысты уавæр раиртасыны тыххæй. Джызæлмæ 8 тоннæйæ фылдæр уæзимæ транзитон æмæ уæзласæн хæдтулгæтæн цæуыны бар нæй. Ууыл дзурæг сты хъæумæ æрбацæуæны сæрмагонд фæндаггон нысæнттæ. Фæлæ шофырты уый нæ уромы. Уый сын фаг нæу, æмæ ма цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй хæдтугæтæ дыууæрдæм кæнынц стыр тагъдадимæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй хъæугæрон ис егъау карьер. Бынатмæ ацыдыстæм нæхæдæг ӕмӕ федтам, иу хæдтулгæ иннæйы фæдыл хуыр куыд ласынц, уый. Цæрджытæ нын куыд радзырдтой, афтӕмӕй та хъæуы иувæрсты ацæуынæн фæндаг ис. Асфальтгонд нæу, фæлæ дзы шофыртæн сæ бон пайда кæнын у. Æрмæст сæ балцы фылдæр рæстæг схардз кæнын хъæуы. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сæ ныхас сæххæст кодтой. Абон хъæуы снысан кодтой уæлæмхасæн радхæссæг къордтæ. Уромынц уæзласæн хæдтулгæтæ, сæ шофыртæн æмбарынгæнæн ныхас, суанг ма сæ ивар дæр кæнынц. Цæрджытæ дарддæр сидынц æххуысмæ. Фæндаггон змæлды æдасдзинады тыххæй курынц тротуартæ саразын, фæндæгтыл сæвæрын аразгæ къуыбыртæ æмæ видеоцæстдарды системæ. Дзерасса Калоева

Иконка канала IRYSTONTV
1 466 подписчиков
12+
40 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии