ЦИПУ-йы сбæрæг кодтой Уæлахизы бон
ЦИПУ-йы сбæрæг кодтой Уæлахизы бон
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты сбæрæг кодтой Уæлахизы бон. Кадджын мадзал бабæрæг кодта делегаци Курчатовы номыл институтæй, йæ сæргъы ахуыргæнæндоны Президент Михаил Ковальчук, афтæмæй. Архайджытæ дидинджытæ сæвæртой, университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ чи ацыд, уыдоны номыл цыртдзæвæныл. Сырх æфсады рæнхъыты сæ 1942-æм азы æрлæууыд 600 адæймагæй фылдæр. Фашисттæй хъахъхъæдтой Варшавæ, Бухарест, Прагæ, София, Будапешт æмæ æндæр европæйаг горæттæ. Сæрибардзинад хъахъхъæнджыты нæмттæ фыст сты университеты кæрты цыртдзæвæныл.