Практикон зонындзинæдтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Республикæйы оперативон штаб æмæ тыхы структурæтæ сарæзтой стыр ахуыртæ Тарскæйы. Архайдтой дзы 800 адæймагæй фылдæр. Уыдон сты Уæрæсейы гвардийы, мидхъуыддæгты министрады æмæ æдасдзинады федералон службæйы дæлхайæдтæ. Уымæй уæлдай ма ахуырты пайда кодтой сæрмагонд техникæйы 50 иуæгæй – танктæ, БТРтæ æмæ 2 хæдтæхæгæй. Полигонмæ ма æрбахæццæ сты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æмæ тагъд æххуысы къареттæ. Æдасдзинадмæ уыд уæлдай цæстдард. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, къорд фыдгæнæджы бабырстой пъæлицæйы бынæттон хайадмæ. Террористтæм уыд автоматтæ æмæ уацары райстой 10 адæймаджы. Бынатмæ уайтагъд æрбахæццæ сты тыхы кусæндæтты дæлхайæдтæ æмæ сæрмагонд службæтæ. Цы ран æрцыд хабар, уый пъæлицæйæгтæ æрæхгæдтой. Хæстæг дзы цы адæм цард, уыдоны æдас ранмæ ракодтой. Ахуырты рæстæг фыдгæнджыты ныппырх кодтой. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ахæм операцитæ арæзт æрцæуынц афæдз 2 хатты. Оперативон штабы уæнгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахуырты сæйраг хæс уыд теракт ма бауадзыныл куыд бакусын хъæуы, йæ фæстиуджытæ йын куыд аиуварс кæнын хъæуы, уый сахуыр кæнын. Уымæй уæлдай ма барадхъахъхъæнæн оргæнты æмгуыстдзинад сбæлвырд кæнын. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахуыртæ арæзт æрцыдысты æнæ къуылымпыдзинæдтæй. Оперативон штаб дæр ахуыртæй разыйæ баззад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Практикон зонындзинæдтæ

Категория:

Новости и СМИ