Абон у склерозы ныхмæ тох кæныны бон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

11-æм июны фæбæрæг кæнынц склерозимæ тох кæныны æппæтуæрæсеон бон. Уыцы низ æвзæры, адæймаджы иммунитет хъыгдард куы баййафы æмæ уый тыххæй нервыты куыст куы фæцуды, уæд уымæй. Склероз расайы алыхуызон уæззау фæстиуджытæм. Адæймаджы буар раст нал фæкусы, йæ уавæр рæстмæ нал вæййы. Рынчын ма йæхи æнахуыр хуызы дарын дæр райдайы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы рын канд хистæр кары адæммæ нæ, фæлæ æрыгæттæм дæр рабæрæг вæййы. Абоны онг ацы низæй кæронмæ сдзæбæх уæвыны хос нæма æрхъуыды кодтой. Уымæ гæсгæ дохтыртæ сидынц адæммæ, цæмæй сæ нервытæ хъахъхъæной, æнæниз царды уагыл хæст уой, æрхæндæг уæвынæй, уæлдайдæр, дæргъвæтин рæстæг сæхи хизой. Уымæй уæлдай ма æнæмæнг хъæуы рагацау дохтырмæ дæр цæуын, рæстæгæй-рæстæгмæ æнæниздзинадмæ кæсын. Фыццаг хатт склерозимæ тох кæныны бон сбæрæг кодтой 2010-æм азы. Уæдæй нырмæ вæййы æрвылаз дæр. Мадзæлтты фæархайынц медицинон ахуыргæнæндæттæ, наукон-иртæстыты институттæ æмæ центртæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны кусæндæттæ. Алыхуызон форумтæ, лекцитæ æмæ æндæр мадзæлтты фæдзурынц ацы низы профилактикæ æмæ дзæбæх кæныны мадзæлттыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Абон у склерозы ныхмæ тох кæныны бон

Категория:

Новости и СМИ