Рахизфарсы районы пъæлицæйы кусджытæ сарæзтой профилактикон акци
Беслæны сæйраг парчы цæрджытæн байуæрстой 50 тематикон сыфæй фылдæр. Мадзалы сæйраг нысан - цæстфæлдахджыты гæды миты тыххæй цæрджытæн радзурын. Фыдгæнджытæ арæх спайда кæнынц телефонæй. Пъæлицæйы кусджытæ сæ административон хайадты цæрджытæн æмбарын кодтой цæстфæлдахджыты сайæн схемæты тыххæй. Беслæны сæйраг парчы цæрджытæн байуæрстой 50 тематикон сыфæй фылдæр. Цæмæй цæстфæлдахджытæ цæрджыты æхцайы фæрæзтæй ма пайда кæной, уый тыххæй сæм сидтысты, къæрцхъусдæр ут, зæгъгæ. Куыд дзырдтой, афтæмæй фыдгæнджытæ цы телефоны номырæй хабар кæнынц, уымæ фæстæмæ дзурын нæ хъæуы. Арæх цæстфæлдахджытæ архайынц банчы картæйы номыр базоныныл, цæмæй æхцайы фæрæзтæ уырдыгæй расыффыт кæной. Уæдæ, интернеты тыгъдады дæр цæстфæлдахджытæй удæнцой нæй. Алы сайæн миты хуызы уым дæр архайынц адæймаджы дзыпп раафтид кæныныл. Арæх адæмы хиуæтты социалон сыфтæй барвитыц хъусынгæнинаг, фыдбылызы бахаудтæн, зæгъгæ. Ахæм хъусынгæнинаджы фæстæ хъæуы уæ бинойнагмæ бадзурын æмæ базонын æцæг дæр фыдбылызы бахауд æви нæ, уый. Цау мæнг куы разына, уæд æнæмæнг хъæуы пъæлицæйы кусджытæм фæхабар кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Рахизфарсы районы пъæлицæйы кусджытæ сарæзтой профилактикон акци
Категория:
Новости и СМИ