Куыстуат «Алания продукт» байгом кодта цыхтахсæн цех

Фыццаг уал хистæртæ скуывтой æртæ чъири æмæ бæгæныйæ. Дарддæр бакъахдзæф кодтой цыхтахсӕн ног цехмӕ. Процесс райдайы кондадон лабораторийы, ардæм хæссынц хомаг. Сбæрæг вæййы æхсыры хæрзхъæддзинад, дарддæр ыл кусынц иннæ цехы. Ифтонггæрзтæ сты ног, нырыккон, стæй нæхи бæстæйы уагъд. Сменæмæ бакусæн ис æхсыры 4 тоннæйыл. Дарддæр хъуамæ æхсыр бацахса. Сахаты фæстæ дзы цыхт саразынц. Уазалгæнæны та цæттæ продукци — ирон цыхт. Кондады æууæлтæм æркастысты Хъæууон хæдзарады министрады æмæ Горæтгæрон районы администрацийы минæвæрттæ. Цыхтахсӕн цех байгом кæнынц хъæууонхæдзарадон кооперативæн бантыст хъæууон кооперацийы райрæзты грантон конкурсы архайды фæрцы. Хъæууон хæдзарады министрадæй цы паддзахадон æххуыс райстой, уымæн йæ бæрц у цалдæр млн сомы. Дзырдæн, ам пайда кæнынц бынæттон æхсырæй. Нырма уал ассортименты ис ирон цыхт. Дарддæр ма фæнд кæнынц уадзын сулугуни, чечил, быд цыхт. Ног цехы фæллой кæнынц 6 адæймаджы, хæстæг рæстæг ма ам фæзындзæн 10 куысты бынаты. Ирон цыхт уæрæсейаг бренд раджы сси. Хицæн кæны, æмбал кæмæн нæй, ахæм ад, стæй хæрзхъæддзинадæй. Хæрзхъæд æмæ хæрзад у ацы куыстуаты продукци дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 465 подписчиков
12+
71 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии