Дзæджыхъæуы доваторы проспекты 252-æм хæдзар банывыл кодтой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Сæ куыстæн аргъ кæнынц. Горæты хи хæдзæртты æмхæларадтæ пъланмæ гæсгæ æххæст кæнынц сæ куысты домæнтæ. Абон æй нæхи цæстытæй федтам Доваторы проспекты 252-æм хæдзары дæнцæгыл. Видеоцæстдарды ног камерæтæ, аив плиткæ æмæ дондзæуæн хæтæлтæ. Цæмæй ма барæсугъд кодтой хæдзар, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд. Ацы бирæфатерон хæдзары подъездты бахизæнтæ ныр сæ хуыз скалдтой. Сæрмагонд дуары сæрмæ сифтонг кодтой видеоцæстдарды камерæ. Æрбахизæнты æрæвæрдтой ног плиткæ. Ныр алы уæладзыг дæр у сыгъдæг, райдзаст æмæ аив. Хуыгаты Анатолий ацы хихæдзæртты æмхæларады разамонæгæй кусы 2015 азæй фæстæмæ. Уæдæй-абонмæ йæ къухы бафтыд хæдзары цæрджыты риссагдæр фарстатæ аиуварс кæнын. Цæрджытæн балæггад кæнынмæ у алкæддæр разы æмæ цæттæ. Сæрмагонд программæмæ гæсгæ хæдзары сæр раивынмæ рады лæууын хъуыд 2030 азмæ. Фæлæ иумæйаг тыхтæй хъуыддаг фæраздæр кодтой. Фæрæзтæ æрæмбырд кодтой æмæ хæдзары сæр баитой. Уыцы рæстæг ма арæзтой мидæггаг куыстытæ дæр. Афæдзы алы афон дæр 4 хатты хæдзары ныккæндтæ цæуынц дезинфекцигонд. Уыимæ ма хæдзары алывæрсты æркæрдынц хус кæрдæг. Цæрджытæн балæггад кæнынмæ Æмхæларады кусджытæ алкæддæр сты разы. Уымæн æвдисæн сты хæдзары цæрджыты бузныджы ныхæстæ. Ныридæгæн цæуы куыст доны хæтæлтæ баивыныл. Уыимæ ма хъармгæнæнтæ баивдзысты полипропиленыл. Дзæуджыхъæуы администрацийы æххуысæй та æххæст кæны проект "Жилье и городская среда". Банывыл кæндзысты кæрт. Уый фæстæ та алфамблайы цъæхфæлыстыл бакусдзысты цæрджытæ сæхдæг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæджыхъæуы доваторы проспекты 252-æм хæдзар банывыл кодтой

Категория:

Новости и СМИ