«Спецэкосервис»-ы кусджытæ горæты уынгтæ сыфтæртæй æфснайынц
Къостайы проспект. Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгтæй иу. Бирæ бæлæстæ сагъд дзы ис. Æрæгвæззæджы ацы уынгты æнæмæтæй æруайын адæймагæн æхцондзинад хæссы. Фæлæ «Спецэкосервис»-ы кусджыты рæсугъддзинадмæ кӕсын не вдæлы. Цы сыфтæртæ æрæзгъæлдысты, уыдон æмбырд кæнын райдайынц райсомы цыппар сахатæй фæстæмæ. Проспекты дæргъ у 12 километрæй фылдæр. Куыстытæн сæ кæрон зынгæ дæр нæ кæны. Сыфтæр ласынц стыр машинæтæй. Тротуартæ æмæ сæ кæрдæгфæзтæй æмбырд кæнынц халамæрзæнтæ æмæ сæрмагонд гæрзтæй. Кусджытæ ма сæ уæлдæфон цъылынтæ дæр хонынц. Кæрдæгфæзты сыфтæртæ иумæ æрбамбырд кæнынц. Уый фæстæ сæ машинæмæ бавгæнынц æмæ сæ фæхæццæ кæнынц полигонмæ. Терчыфале санитарон хайады хицау Тедеты Аланы ныхæстæм гæсгæ, фылдæр сыфтæ вæййы дымгæ æмæ къæвдайы фæстæ. Куыстуаты специалисттæ æмæ техникæ фаг кæны. Фæлæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæй бирæтæ раздæрау æнæнизæн тæссаг хуызы æфснайынц. Таугазты Виктория йæ хæдзармæ хæстæг кусы. Куыд радзырдта, афтæмæй ацы район экологон æгъдауæй сыгъдæгыл нымад уыд алкæддæр. Ныййарджытæ сæ сабитимæ арæх рацæуынц ацы бынæттæм сæхи аирхæфсынмæ. Фылдæр хатт Намысы Аллей, Нæртон парк æмæ Доны станцæмæ. Фæлæ фæззыгон уæлдæф арæх байдзаг вæййы фæздæгæй. Цæгат Ирыстоны сгуыхт эколог Георгий Шалошвилийы ныхæстæм гæсгæ, сыфтæртæй судзгæ-судзын равзӕры бирæ зианхæссæг буаргъæдтæ. Уæлдай тынгдæр фæтыхсынц аллерги, улæфæнты æмæ рæуджыты низтæ кæмæ ис, уыдон. Сыфтæртæ ма судзæн ис хусгæрдæг æмæ хъамылтимæ, уæд бынтон тæссаг нал вæййынц æвзæр буаргъæдтæ. Цæгат Ирыстоны экологийы министрад зæрдыл лæууын кæны, сыфтæр судзыны цауты фæдыл хъусын кæнын «цъæх лини»-мæ. Инспектортæ фæтхалджытимæ кæндзысты æмбарынгæнæн ныхас.