Йæ цардæй ахицæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, 106 аздзыд Мæрзойты Тимофей
Йæ цардæй ахицæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, 106-аздзыд Мæрзойты Тимофей. Уæрæсейы хæсты архайджыты 'хсӕн нымад уыд æппæтæй хистæрыл. Майы мæй йæ ном хаст æрцыд нæ бæстæйы Гиннесы чиныгмæ. Мæрзойты Тимофей архайдта Кавказ ссæрибар кæныны тохты. Архайдта, Украинæ, Молдави, Румыни, Болгари æмæ Югославийы цы тохтæ уыд, уыдоны дæр. Уæлахиз ыл сæмбæлд Австрийы. Мæрзойты Тимофей хорзæхгонд уыд Фыдыбæстæйы стыр хæсты II къæпхæны орденæй, майдантæй «За оборону Кавказа», «За Победу над Германией», «За доблестный труд в Великой Отечественной войне 1941-1945 гг.». Мæрзойты Тимофейы хæстæджытæн æмæ хиуæттæн тæфæрфæс ракодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv