Мæздæджы районы тагъд æххуысы станцæйы фæзынд ног хæдтулгæтæ
Мæздæджы районы Притеречныйы поселочы тагъд æххуысы станцæмæ фæзынд ног хæдтулгæ. Ифтонггонд у, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæй. Æвæстиат æххуыс бакæнынмæ дзы алцыдæр ис. Ног хæдтулгæтæ æрмæст Мæздæджы районы нæ фæзындысты. Республикæйы тагъд æххуысы станцæйæн дæр дзы радих кодтой 24. Мæздæджы районы сæйраг рынчындоны разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй нырыккон техникæйы руаджы фæхуыздæр уыдзæн тагъд æххуысы станцæйы куыст дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæздæджы районы тагъд æххуысы станцæйы фæзынд ног хæдтулгæтæ
Категория:
Новости и СМИ