Тедеты бинонтæн æххуыс

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Ног азы агъоммæ Заводы поселочы цæрæг Тедеты бинонты хæдзар фæнык фестад. Æрцыди дзы зынгсирвæзт. Сæ хæдзар уыди цæхæрадæтты æмбалад «Цæгатаджы». Цалцæггонд хæдзар басыгъди бындзарæй. Фондз адæймаджы баззадысты æнæ мулкæй, æнæ документтæй. Ныртæккæ бинонтæ сæ хæдзар хъавынц ногæй саразынмæ, фæлæ сæм æхца фаг нæй. Фæлæ, дам, бæлас куы акæлы, уæд, дам, уый дæр йæ сыхагыл банцой кæны. Афтæ рауад бинонты хъысмæт дæр. Цырд фæлæууыдысты сæ сыхæгтæ æмæ сæ къабæзтæ. Хъуамæ бинонты хъысмæт фæбæллиццагдæр уа. Тедеты уавæры тыххæй радзурынæн спайда кодтам Осетия-Ньюсы уацхæсджыты æрмæгæй. Телты хсæн цæхæр фестъæлфыди, æмæ Тедеты бинонтæм цы мулк уыди, уый фесæфти цалдæр минутмæ. Сæ хæдзар уыди цæхæрадæтты æмбалад «Цæгатаджы». Арты азары фæци, цыдæриддæр сæм сæм уыди, уый: документтæ, æхца æмæ дзаумæттæ. «Зынг сирвæзт хуыссæн уаты. Æппæт телтæ дæр баст уыдысты иу ранмæ. Арты цæхæр фыццаг сывæллæттæ федтой. Æмæ мæм рахъæр кодтой: судзæм, зæгъгæ. Цалынмæ телефонæй сыхæгтæм дзырдтон, уæдмæ фæздæгæй уынгмæ рацæуæн нал уыди. Нæ цот ма æддæмæ ма разгъордтой. Гъе, афтæ хæдзарæй ницыуал баззад», — загъта хъыгдардбаййафæг Тедеты Альбинæ. Адæм фесты сыгъдæттæн баххуыс кæнынмæ. Социалон хызты сын æмбырд кæнын райдыдтой æхца. Баххуыс сын кодтой амалхъом адæймæгтæ дæр. Уыдон бинонтæн хæдзар баххуырстой. Дзæуджыхъæуы администраци бинонтæн радта 50 мин сомы. Фæлæ уыцы æхцайæ хæдзары сæр дæр нæ сæхгæндзысты. Тедеты Альбинæ: «Ис мын 3 сывæллоны. Мæхæдæг кусын дзулфыцæгæй. Исын 10 мин сомы. Афтæмæй цæрæм, нæ къухтæм æмхасæнтæ гæнгæйæ», — Тедеты Альбинæ загъта. Разынди ахæмтæ дæр, æмæ Тедеты бинонтыл чи нæ бацауæрзта, ахæмтæ дæр. Сæ паспорттæ кæй фесæфтысты, уый тыххæй сæ фæивар кодтой, æмæ сæ алкæмæй дæр бадомдтой фæйнæ мин сомы æмæ æрдæг. Афтæмæй та закъонмæ гæсгæ, бинонтæм зынгсирвæзты тыххæй официалон гæххæтт куы уа, уæд сын ног документтæ хъуамæ лæвар скæной. Осетия-ньюсы редакци бацыди Горæтгæрон районы администрацимæ. Уым сын зæрдæ бавæрдтой уавæр сбæрæг кæнынæй, æмæ сын се хца фæстæмæ раттынæй. «Æхцайæ æмæ нæм дзаумайæ дæр нæ сыхæгтæ кæсынц. Йæ бон кæмæн куыд уыди, афтæ нын æххуыс кодтой æмæ кæнынц. Се ппæтæй дæр стæм бузныг. Мæнæ нын нæ хæдзар самайынæй дæр æххуыс кæнынц», — Тедеты Альбинæ загъта. Бинонты хистæр йæ куыст ныууагъта. Сыхæгтимæ йæ хæдзар аразы ногæй. Хицауадæй сын ничима баххуыс кодта. Хъыгдардбаййафджытæ сæ курдиат бахастой нæ республикæйы сæргълæууæгимæ фембæлыны тыххæй. Цæмæй сæ хæдзары ногæй æрцæрой, уымæй сæ ныфс дарынц æрмæстдæр Битарты Вячеславыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Тедеты бинонтæн æххуыс

Категория:

Новости и СМИ