Хъæздыг историммæ хъæу
Хъазахъхъы традицитæ, истори æмæ фольклор рохуаты ма ныууадзын æмæ иннæ адæмыхæттыты семæ базонгæ кæнын. Ахæм программæмæ гæсгæ Архонкæйы станицæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ бæрæг кæнынц сæ хъæуы 180 азы юбилей. Уазæгуаты сæм æрцыдис Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Бæрæгбоны тыххæй ма радзурдзыстæм, фæлæ уал ныртæккæ та станицæйы æрвылбоны царды тыххæй. Æхсаргардæй арæхстджынæй пайда кæнын ацы сывæллæтты разæнгард кæнын нæ хъæуы. Куыд зæгъынц, афтæмæй ахуыры рæстæг зындзинæдтæй нæ тæрсынц. Цыргъагимæ арæхсыны дæсныйад сæм цымыдисаг кæсы. Ацы предмет скъолайы программæйы нымад у æппæты æнахуырыл. Давид Харебашвили - Архонкæйы 1-æм скъолайы ахуыргæнинаг: «Нæ ахуыргæнæг нын равдыста хъæдæй конд æхсаргæрдтæ. Загъта нын, æркæсут сæм æмæ уæхи бафæлварут. Хъазахъхъæгтæ дзы куыд архайдтой уый нын бацамыдта. Уæдæ ехсæй раст пайда кæнын дæр нæхи ахуыр кæнæм. Æппынæдзух хъæуы хиуыл кусын, науæд дæ ахуыр фæдзæгъæлы уыдзæн». Уроччытæ къласы цæуынц сæрмагонд æгъдаумæ гæсгæ. Лæппуты æмæ чызджыты зонгæ кæнынц хъазахъхъæгты культурæ æмæ цардыуагимæ. Ахуырдзаутыл стыр хæс æвæрд ис. Cты Архонкæйы станицæйы фидауц, фæархайынц сæйраг бæрæгбæтты дæр. Ахадгæ бавæрæн хæссынц хъазахъхъæгты `гъдæуттæ бахъахъхъæнынмæ. Николай Коломыц - Архонкæйы хъазахъхъæгты атаман: «Стендтæ равæрдтам иу нысанимæ, цæмæй адæм кæсой æмæ зонгæ кæной. Ныртæккæ нæ фæнды аллейæ, Фыдыбæстæйы стыр хæсты чи фæмард, уыдоны номыл скæнын. Станицæйы хъæбатыртæй чи кæм службæ кодта, уыдæттæ радзурын. Уæдæ нæм ис, Граждайнаг хæсты чи бацарæфтыд, уыдон дæр. Æвзæр уа, хорз уа - уый у нæ истори, уыцы адæм хъахъхъæдтой нæ фыдыбæстæ. Куыд сæ хъуамæ ферох кæнæм?» Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ Архонкæйы станицæйæ тохы быдырмæ ацыд 1500 адæймаджы. 700 адæймагæй дзы фылдæр сæ хæдзæрттæм нал сыздæхтысты. Владимир Кириченкойыл цæуы 91 аз. Хæсты заман хæцыд Венгрийы. Уыцы рæстæджы æвирхъау цаутæ ныр дæр ма йæ цæстытыл уайынц. Владимир Кириченко - ветеран: «Радтой мын хæслæвæрд рæстдзæвины амарын. Танчы бынмæ бабырыдтæн, немыцаг тигры бынмæ. Мæхицæн бынат куы ссардтон уæд æй хъахъхæнын райдыдтон. Æнæхъæн бонмæ йæ нæ раиртæстон. Райсомæй мæ каскæ æвиппайды мæ сæрæй куы рхауд уæд мыл алыхуызон хæцæнгарзæй æхсын райдыдтой. Люкмæ сбырыдтæн, немыцаг танкисттæ кæцæй бырыдысты, уыцы люкыл схуыссыдтæн, æмæ мæ къахыл тæвд схъиуæггаг суад. Мæ галиу къахы хæлаф, стæй уæд буар дæр басыгътон». Æндæр тохты чи басгуыхт, уыдоны дæр станицæйы хорз хъуыды кæнынц. Уыдон сты Фыццаг Æппæтдунеон æмæ Уæрæсеаг-Япойнаг хæстыты архайджыты, зæгъгæм. Архонкæйы аргъуаны хъæбатырты номыл сæвæрдтой мармæрæй конд къæйдуртæ. Уæвгæ, Александр Невскийы аргъуанæн йæхицæн дæр хъæздыг истори ис. Бындур ын æвæрд æрцыд 180 азы размæ. 30-æм азты йæ фехæлдтой. Бæстыхайæ цы баззад, уый бындурыл 2003-æм азы самадтой ног аргъуан. Йæ ног райрæзтыл бацархайдтой станицæйы æппæт цæрджытæ дæр. Фæллой кæнынæй та сæ уæвгæ ничи амбулдзæн. Зæрдæргъæвдæй фыдæбон кæнгæйæ станицæйы цæрджытæ ныфсджын сты сæ сомбонæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъæздыг историммæ хъæу
Категория:
Новости и СМИ