Ныр та — иннæрдæм
Абон у зымæджы хурхæтæн. Зæххы къорийы цæгатварсыл райдайы астрономион зымæг, йæ иннæ фарсыл та - астрономион сæрд. Нырæй фæстæмæ бонтæ Уæрæсейы райдайдзысты даргъдæр кæнын, æхсæвтæ та - цыбырдæр. Ахæм фæтк ахæсдзæн суанг июнмæ. Ацы фæзынды ном хуымæтæджы нæу Хурхæтæн. Нæ рухс стъалы арвыкомыл цæугæйæ бахæццæ вæййы иу ранмæ, æмæ дзы, куыд фæзæгъынц, къорд рæстæгмæ сагъдау аззайы. Уыйфæстæ йæ фæндаг фæстæмæ ракæны. Æрдзон æгъдаумæ гæсгæ Хурхæтæны бон алы аз дæр вæййы алы рæстæджы. Куы `рхæццæ вæййы, уæд Цæгат Уæрæсейы йæ цыренмæ бахæццæ вæййы полярон æхсæв. Хур афæдзы `рдæг æххæстæй йæ был дæр нал сдары арвмæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ рагæй-æрæгмæ дæр зымæджы Хурхæтæн стыр бынат ахста адæмты азфысты бæрæггæнæнты. Уыдис-иу Хуры гуырæнбоныл нымад. Рагон бердзенаг адæмы та-иу уырныдта, Хурхæтæны бон «æцæг дуне»-йы дуæрттæ кæй фегом вæййынц æмæ сæ паддзах Аид Олимпы къæдзæхы сæрæй кæй акæсы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ныр та — иннæрдæм
Категория:
Новости и СМИ