Дзæуджыхъæуы цалцæг кæнынц Цоколайы фырты æмæ Весеннæйы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уыцы фæндаджы хай
«Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ» национ проекты фæлгæты ацы аз хъуамæ цалцæггонд æрцæуой 40 фæндаджы хайы. Арæзтадон куыстытæ ныртæккæ сты сæ тæмæны. Цалцæг кæнын райдыдтой Шмулевичы, Щукинты æфсымæрты, Гагарины номыл æмæ Зильгинскæйы уынгты фæндæгтæ. Уæдæ Весеннийы уынг та хъуамæ фæуæрæхдæр кæной, Цоколайы фырты номыл уынгæй суанг Дзусаты Ибрагимы номыл уынджы онг. Куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый бæрæг кæнынц админстрацийы дæр. Нæ уацхæсджытæ дæр сын сæ уавæрмæ æркастысты. Бирæ азты дæргъы æвнæлд цы фæндгæм нæ уыд, уыдон цалцæг кæнынц. Сæ хыгъдмæ бафтыд Дзæуджыхъæуы Цоколайы фырты номыл æмæ Весеннæйы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уыцы фæндаджы хай. Хъуамæ цыбыр рæстæгмæ уæрæхгонд æрцæуа. Уымæн æмæ хæдтулгæты цыдæн ацы фæндаг рагæй дæр къуылымпыдзинæдтæ хæссы. Шофыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæндаджы ацы уаццаджы æппынæдзух цæнттæ фæзыны. Фистæгцæуджытæ æмæ хæдтулгæ скъæрджытæ хъаст кæнынмæ фæвæййынц, фæндаггон змæлд кæй бауромы, уый тыххæй. Æмæ дзы кæд ныртæккæ дæр цæнттæ фæзыны, уæд уыцы хъуыддаг рæстæгмæ у, зæгъынц арæзтады кусджытæ. Фæндаджы цацлцæггæнæн куыстытæ сæ тæмæны сты. Йæ рацарæзтыл архайынц «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ» национ проекты фæлгæты. Куыстытæ куыд æххæст кæнынц уый сбæрæг кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан. Инспекцийы йемæ рацыдысты администрацийы куысджытæ дæр. Транспортмæ цæстдарды управленийы разамонæг Дзуццаты Иумæ сбæлвырд кодтой, фæндаджы уавæр. Фæрниаты Тамерлан куыд радзырдта, афтæмæй арæзтад фæнд кæнынц сентябрмæ фæуын. «Мах ныртæккæ бæстонæй кусæм, цæмæй фæндæгтæ цалцæггонд æрцæуой, уый тыххæй. Уымæн æмæ нæ Федералон фæрæзтæй сæрмагондæй рахай кодтой аразинаг цы фæндæгтæ сты, уыдонæн. Подрядчикы сбæрæг кодтам фарон. Ныртæккæ стæм Весеннæйы уынгыл. Цæндтæ, ома хæдтулгæтæ фæндагыл кæй сбирæ вæййынц, уый тыххæй ацы фæндаджы хай хъуамæ цыбыр рæстæгмæ уæрæхдгонд æрцæуа. Уыимæ ма у се 'ппæтæй егъаудæр. Уый фæдыл дзы куыст дæр фылдæр ис», - Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан. Ныридæгæн цалцæггæнæн куыстытæ кæнынц Шмулевичы, Щукинты æфсымæрты, Гагарины номыл æмæ Зильгинскæйы уынгты. Фæндæгтæ дзы фæуæрæхдæр кæндзысты æмæ дзы хæдтулгæтæй уым дæр цæндтæ бирæ нал уыдзæн. «Боныхъæд хорз кæй у, уый тыххæй дæр нын у бирæ æнцондæр кусæн. Фаронимæ абаргæйæ куыстытæ къаддæр нæ фесты. Мæхæдæг дæр хæдтулгæйæ арæх фæцæуын, æмæ йæ æмбарын, ацы куыстытæ пайда кæй сты, уый. Нæ республкæйы сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй куыстытæ хъуамæ конд фæуой афæдзы кæронмæ», - Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан. Сæрибардзинады фæзы дæр дарддæр цæуынц арæзтадон куыстытæ. Зæх къахт фесты, банывыл æй кодтой æмæ ныр рахызтысты фæз бетонæй æмбæрзынмæ. Æппæт коммуникацитæ, трамвайты хызæгтæй уæлдай, ауагътой зæххы бынты. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, афтæмæй æххæстгонд æрцæудзысты æдасдзинады домæнтæ. Пълан куыд æххæст кæнынц, уымæ æппынæдзух цæст дарынц Дзæуджыхъæуы администрацийæ. Уæ зæрдыл ма уын æрлæууын кæндзыстæм, Сабырдзинады фæзы рацаразт фæуынвæнд кæнынц Уæлахизы боны 75 азы кадджын мадзæлттæм. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы цалцæг кæнынц Цоколайы фырты æмæ Весеннæйы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уыцы фæндаджы хай
Категория:
Новости и СМИ