Сæйрагдæр - æдасдзинад
Цæгат Ирыстоны фæзынд бæлццæтты электрон регистрацийы системæ. Ныр хæххон маршруттыл чи цæуа уыдоныэлектрон хуызы нысан кæндзысты. Ацы хъуыддаджы тыххæй Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг управленийы сайты ис сæрмагонд хай. Хи фæнысан кæнын сæ бон у куыд уæрæсейаг афтæ фæсарæйнаг туристтæн дæр. Сæрмагонд гæххæт англисаг æвзагыл ныффысæн дæр ис. Бафтаудзыстæм ма уый туристон маршуттæ нысан кæнын фæтк нæ аивдта. Республикæйы маршрут фæнысан кæнæн ис Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны агурæн-ирвæзынгæнæн хайады. Ацы мадзалы сæйраг нысан туристты æдасдзинад. Бахъуаджы рæстæг сын цæмæй афоныл ирвæзынгæнджытæ хъæугæ æххуыс бакæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сæйрагдæр - æдасдзинад
Категория:
Новости и СМИ