Царды хæрзтæ - сабитæн
Поселок Советоны абон байгом кодтой ног нырыккон рæвдауæндон. Бынат дзы ис 120 сабийæн. Аразын æй райдыдтой афæдзы размæ федералон паддзахадон программæйы фæрæзтæй. Рæвдауæндонмæ цæудзысты канд поселочы нæ, фæлæ ма Цыколайы сабитæ дæр. Сæ цинæн кæрон нæй, уæдæ ныййарджытæн дæр сæ зæрдæ райы. Абон хъæуы сарæзтой æцæг бæрæгбон. Не сфæлдыстадон къорд уымæн – æвдисæн. Сабитæ ног рæвдауæндонмæ сæ ныййарджытимæ хъæлдзæгæй згъорынц. Абон æрмæст уыдонæн нæу бæрæгбон. Цины бон æппæт Æрæфы районы дæр у. Поселок Советоны раздæр иунæг рæвдауæндон уыд. Заууатмæ рагæй æрцыд. Ам уæвын цардæн тæссаг уыд. Фæлæ 4 мæйы размæ уый дæр сæхгæдтой. Ныййарджытæ сæ сывæллæтты цы фæкодтаиккой, уый нæ зыдтой. Ныр уыцы сагъæсæй суæгъд сты. Рæвдауæндон сарæзтой федералон программæйы фæрæзтæй. Ацъыкк æй кодтой иу афæдзы `мгъуыдмæ. Нырыккон домæнтæн дзуапп дæтты. Кæрты ис хъазæн фæз. Йæ быны – сæрмагонд резинæ тыд. Тезгъо кæнынæн – бирæ бынат. Бæстыхай дыууæуæладзыгон у. Ифтонг у хъазынæн, улæфынæн æмæ фынæй кæнынæн агъуыстытæ, стæй хæрæндонæй. Рæвдауæндоны ис 2 къорды. Ныр ма сæм бафтаудзысты ноджыдæр 4. Алы къорды дæр – дыууын сывæллоны. Районы разамынд зæрдæ дары, ацы рæвдауæндоны руаджы сывæллæтты рады лæууын кæй нал хъæудзæн. Сабиты рады лæууын кæй нал хъæудзæн, ууыл дзуры нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Районы цæрджытæн ацы рæсугъд хъуыддаджы фæдыл ракодта арфæйы ныхæстæ. Бæстыхай куыд арæзт у, уый йæхæдæг федта. Куыд зæгъы, афтæмæй Цæгат Ирыстоны районты ног рæвдауæндæтты нымæц кæндзæн фылдæр. Ныртæккæ Æрæфы районы ног рæвдауæндонмæ канд сабиты нæ исынц, фæлæ ма агурынц фæлтæрджын хъомылгæнджыты дæр. Йæхимæ уыцы тыхтæ чи `нкъары, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсынц зæрдиагæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Царды хæрзтæ - сабитæн
Категория:
Новости и СМИ