Узбекистаны минæварады делегаци кусæг балцы ссыд Дзæуджыхъæумæ
Узбекистаны минæварады делегаци кусæг балцы ссыд Дзæуджыхъæумæ. Дипломатты суазæг кодтой Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты. Фембæлдысты уæлдæр ахуыргæнæндоны разамынд æмæ фæсарæйнаг студенттимæ. Делегацийы уæнгты базонгæ кодтой уагдоны музейы хъæздыг экспозициимæ. Уыимæ, узбекаг бæрæгбон Наврузы фæлгæты фысымтæ бацæттæ кодтой националон хæринæгтæ. Дарддæр сæрмагонд æмбырды ныхас кодтой æмгуыстады фарстатыл.