Комкоммæ ныхас
Абон Горæтгæрон районы администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан фембæлдис бынæттон цæрджытимæ. Бæрнон кусæджы размæ адæм рахастой сæ ахсджиагдæр курдиæттæ. Тынгдæр сæ тыхсын кæны зæххытимæ баст хъуыддаг. Æрбацæуджытæн сæ 90 проценты уыцы фарстимæ æрбамбæлдысты. Кæмæндæр йæ бон нæу зæххы гæппæл райсын, кæмæндæр та йын йæ гæххæттытæ не `нтысы раст саразын. Администрацийы разамонæгимæ алцæуыл дæр аныхас кодтой. Иу хъуыддагмæ дзы уæлдай аздæхтой се `ргом. Сунжæйы цæрджытæй иу районы разамындмæ бахъаст кодта, йæ зæххы 10 гектары йæ бон бахъахъхъæнын кæй нæу адæмы фосæй. Хъалагъур æм ис, фæлæ уый дæр алцæуыл не `ххæссы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Комкоммæ ныхас
Категория:
Новости и СМИ