Республикон психиатрон рынчындон цалцæг кæнын райдыдтой
Республикон психиатрон рынчындон бындуронæй цалцæг кæнын райдыдтой. Бæстыхай заууатмæ æрцыд. Арæзтадон куыстытæ дзы цыд 75 азы размæ. Битарты Вячеславы уынаффæмæ гæсгæ рынчындоны рацарæзтæн æхцайы фæрæзтæ рахай кæндзысты республикон бюджетæй. Регионы сæргълæууæг ацы хъуыддаг фæнысан кодта, республикæйы парламентмæ цы ныстуанимæ фæсидтис, уым. Ныртæккæ цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц сылгоймæгты хайады. Бæстыхай ногæй рацараздзысты. Рынчынты рæстæгмæ рахуыдтой æндæр хайадмæ. Æдæппæтæй дзы ныртæккæ кусы 10 аразæджы. Рынчындоны сæйраг дохтыр Мæрзаты Игоры ныхæстæм гæсгæ афæдзы фæстæ ма арæзтадон куыстытæ райдайдзысты ноджыдæр дыууæ хайады. Тарниз дзæбæхгæнæн æмæ нæлгоймæгты хайады. Сылгоймæгты хайад срæвдз уыдзæн афæдзы кæрон. Республикон психиатрон рынчындоны сæйраг дохтыр Мæрзаты Игорь: «Корпусты æвæрд иухуызон у. Йæ иу хайы дохтырты æмæ медицинон хоты кусæнуæттæ. Дыккаг корпус та дзæбæхгæнæн. Ам рынчынты уæттæ, хæрæндон, абана. Æдæппæтæй дзы ис 6 дзæбæхгæнæн уаты». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Республикон психиатрон рынчындон цалцæг кæнын райдыдтой
Категория:
Новости и СМИ