Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ рабæрæг кодтой æнæзакъон куыстуат Дзæуджыхъæуы
Цæгатирыстойнаг пъæлицæйæгтæ рабæрæг кодтой æнæзакъон куыстуат Дзæуджыхъæуы. Уагътой дзы карз нозтмæ чи нæ хауы, ахæм продукци. Арæзтой йæ Промышленнон районы хæдзæрттæй иуы. Бæстыхай ифтонггонд æрцыд адджын дæттæ уадзынæн хъæугæ кусæнгæрзтæй. Пъæлицæйæгтæ дзы рахастой 30 мин цæттæ авджы, пластикæй конд 200 мин авджы сæры æмæ 4000 афтид тарæйы. Продукци кæй брендмæ гæсгæ уагътой, уымæн зиан æрхастой 2 милуан сомы. Барадхъахъхъæнджытæ æрцахстой куыстуатæн йæ хицауы. 1963 азы гуырд бынæттон цæрæджы азымджын кæнынц æнæзакъон митыл. Ахст æрцыд куыстуаты исбонад: авгдымсæн автомат, донуадзæн модуль, транспортер æмæ æндæр сæрмагонд кусæнгарз. Республикæйы миддхъуыддæгты министрады экономикæйы æдасдзинады æмæ коррупцийы ныхмæ арæзт управленийы кусджытæ ацы цауы фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг 180 -æм статьямæ гæсгæ. Ныртæккæ цæуы слест. Нæлгоймагмæ закъон æртхъирæн кæны 2 азы ахæстоны фæбадынæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ рабæрæг кодтой æнæзакъон куыстуат Дзæуджыхъæуы
Категория:
Новости и СМИ