Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы минæвæрттæ бабæрæг кодтой нæ республикæйы базарадон центртæ
Маскæтæ дарыны фæтк, социалон дистанци. Æппæт уыцы æнæмæнг æмæ ахсджиаг хъуыддæгтæм ма бафтыд ноджы иу – базарадон центртæм æнæ QR-кодæй бацæуæн нæй. Куыд æххæстгонд цæуынц домæнтæ, уый бæрæг кодтой мидхъуыддæгты министрады, Уæрæсейы гвардийы æмæ фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы минæвæрттæ. Ахæм рейдтæ аразынц æрвылбон. Семæ абалц кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Цæгат Ирыстоны низы тых фӕсаст, ома низджынты бæрц кæны къаддæр. Фæлæ уæддæр эпидемиологон уавæр у тæссаг. Регионы дарддæр аразынц, коронавирусы ныхмæ домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый бæлвырдгæнæн рейдтæ. Ныр маскæтæ дарыны æгъдау æмæ социалон дистанци ӕххӕст кӕнынмӕ ма бафтыд ноджы иу – æнæмæнг хъуамæ уа QR-код дæр. Ацы хатт мидхъуыддæгты министрад æмæ Уæрæсейы гварди Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы эксперттимæ иумæ сбæрæг кодтой нæ республикæйы базарадон центрты уавæр. Хъыганæн, низæй хи бахъахъахъæныны мадзæлттæ æххæст кæнын кæй хъæуы, уымæ цæрджыты кæцыдæр хай кæсы куыдфæндыйы цæстæй. Фыццаг дуканийы дзы иу айста уайдзæф, администраторæн рафысстой фæдзæхст. Маскæтæ дарыны фæтк нæ республикæйы алкæмӕн дæр æххæстгӕнгӕ у. Сӕрмагондӕй кӕсынц, адæм бирæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, уыцы бынæттæм. Уымæ гæсгæ базарадон центрты уæлдай æргом здахынц сæ кусджытæм. Бæрæг кæнынц, антисептиктæ æмæ QR-кодтæй æххæст сты æви нæ. Нæ республикæйы цæрджытæм ног фæткæвæрд диссаг нæ фæкаст. Базарадон центртӕм цӕуджытӕй сæ фылдæрмæ, вакцинаци кæй скодтой, ахæм æвдисæндар уыд. Фæлæ QR-код кæмæ нæ разынд, уыдонæн та бакодтой уайдзæф. Ахæм рейдтæ саразынц æрвылбон. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусджыты ныхæстæм гæсгæ, домæнтæ æххæст кæнын у тынг ахсджиаг хъуыддаг. Инфекциимæ тохы у стыр ахъаз. Басгæрстытæ дарддæр дæр цæудзысты. Редты фæдыл бӕрӕггӕнӕнтӕ æрвитдзысты цæстдарæн оргæнтæм, æвзардзысты сæ тæрхондоны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv